Дихгæнæг хаххмæ ввахс Горакъы хъæуы цæрджытæ ногазмæ иухаттон
æххуысы раттын домынц.
Ай фæдыл бынæттон цæрджытæ Шида Картлийы информацион центримæ
ныхасы рæс-тæ¬джы загътой.
Къаспы муниципалитеты территорийыл уæвæг, 25 бинонтæджын хъæумæ,
æндæр æмæ æндæр рæстæджытæ, æрбаласгæ æмæ байуагрæ æххуыстыл ныхас
кæнынц, кæцы æвзаргæйæ лæвæрд æрцыд.
Хъæумæ æрдзон газ уагъд ис, уымæ æнæгæсгæйæ, хъамкæнынæн æрдзон
газы хъарм-гæнæны къаддæр пайда кæнынц.
Куыд бæрæг кæны афтæмæй, 200 ларийы ваучер, кæцы бахардзгонд æрдзон
газы бамбæрзынæн цæрджытæн хыгъдыл сбаддзæнис, бирæ бинонтæн æнæ
спайдайæ баззайдзæнис.
Уымæ гæсгæйæ, Горакъы цæрджытæй цалдæр афтæ зæгъы, цæмæй уыцы хца
уыдонæн хуыздæр уыдзæн æмæ йæ къухмæ райсой.