Гуры муниципалитеты хъæуты ног спортивон фæзуатты арæзтад æмæ уым
уæвæг иннæты реабилитаци уагъд цæуы.
Ай фæдыл информацийы Гуры муниципалитеты гамгеоба парахат кæны.
Арæзтад-реабилитацийы проекттæ организаци «Гуры муниципалитеты
гамгеобайы хæрзаудæн куыстуат» æххæст кæны.
Гамгеобайы информацимæ гæсгæ Кошка-Гугутианткарши стыр, нæудзармæй
æмбæрзт къахпуртийы фæзуат арæст фæци. Чысыл ма хъæуы æмæ арæзт
фæуыдзæн стандартон къахпуртийы фæзуат Арашендайы хъæуы дæр.
Сæндидзыны куыстытæ æмæ æххæстæй ноггонд æрцыд спортивон фæзуат
Тхъвиауы, Тирдзнисы, Меджрисхеуы, Каралеты, Чысыл Гареджвары,
Цъителубаны, Ахалдабайы, Бербукъы æмæ Тедоцъминдайы.
«Æнæниз царды уагæн къухсаразыны нысанæй мах даргъ кæнæм спортивон
фæзуатты арæзтад æмæ реабилитацийы. Ахсджиаг у, цæмæй нæ хъæуты
алкæцы фæлтæрæн æмæ уæлдайдæр та æвзонг фæсивæдæн гæнæн уа сæрибар
рæстæджы спорты хайад райсой. Тынг хорз æй хъуыды кæнут, Гуры æмæ
иумæйагæйдæр Шида Картлийы цалдæр чемпионы схъомыл кодта спорты
æндæр æмæ æндæр хуызты æмæ мæ ныр дæр ныфс ис фидæны сæ нымæц кæй
фæфылдæр уыдзæнис», - зæгъы Гуры муниципалитеты гамгебели Ониашвили
Давит.
Гамгеоба ивгъуыд азы, хъæуы цæрæг æвзонг фæсивæды хайадистæй,
спорты æндæр æмæ æндæр хуызты, цалдæр чемпионаты ауагъта, цыран
командæтæ стыр æнтыстдзинæдтæ райстой, æрмæст районы нæ фæлæ ма,
регионы масштабæй дæр.
Уыцы хъæзтытæ ацы азы дæр уагъд æрцæудзысты