Ног хабæрттæ
Шаушвебы котеджты сабиты рæвдауæндон Абанойы раздæры бæстыхайы байгом
Гуры муниципалитеты Шаушвебы хъæуы лигъдæтты цæрæнуаты, абон сабиты рæвдауæн¬доны бакодтой.

Рæвдауæндоны байгоммæ æрцыдысты педагогтæ, сабиты ныййарджытæ, Гуры муници-палитеты гамгебели Ониашвили Давит æмæ рæвдæуæндæтты биугонды æмкусджытæ.

Уазджытæ чысылтæн хъазæнтæ ралæвар кодтой.

Сабиты рæвдауæндоны ацы этапыл 30 хъомылгæнинаг сахуыр кæндзæн, плангонд цæуы дыккаг группæй бакæнын дæр.

Рæвдауæндоны сæйрагæйдæр бынæттон цæрджытæ кусынц.

Бæстыхай, кæцы бирæ азты размæ абанойæ арæзт æрцыд, цæрджыты курдиатмæ гæсгæйæ.

Реабилитацийы фонд «глобалон инициатива псхиатрийы – Тбилис», ассоциаци «Элкана» æмæ Гуры муниципалитеты габгеоба иумæ ауагътой.

Цæрæнуатæй сабитæ Шаушвебы рæвдауæндонмæ цыдысты, кæцы æгæр дард у. Уæлдай тынгдæр зын уыд сабиты рæвдауæнднмæ акæнын къæвда бонты. Шаушвебы №2 сабиты рæвдауæндоны байгом кæнынæй, лигъдон сабитæ скъолæйы агъоммæ хъомылад æмæ ахуырад бынаты райсдзысты.

Print