Ног хабæрттæ
Фæстаг иу мæйы дæргъы дихгæнæг хаххы цур æрцахстой 28 æмбæстаг, уыдонæй 13 ис Цхинвалы рдыгæй
Эргнеты 78-æм фембæлдæй 79-æм фембæлдмæ дихгæнæг хаххы цур Уæрæсейы æмæ дэ-факто Хуссар Ирыстоны æдасдзинады куыстуаты æмкусджытæ 28 æмбæстаг æрцахстой.

Уыдонæй, 13 æмбæстаг дэ-факто Хуссар Ирыстоны дæлбаруæвæг территорийæ архайдта Гуырдзыстоны контролгæнгæ территорийы рдæм æрбахизын.

Ай фæдыл, Эргнеты ауадзгæ фембæлдыл Цхинвалы хицауады минæвар, Джиоты Мурад загъта.

78-æм фембæлд уагъд æрцыд 7-æм июны, фæлæ 79-æм фембæлд та 11-æм июлы уагъд æрцыд.

Евроцæдисы Цæстдарæг Миссийы официалон курдиаты нысангонд ис, цæмæй дихгæнæг хаххы цур æмбæстæгты æрцахсыны фактытæ уæддæр бæрзонд у.

Евроцæдисы минæвæрттæ фембæлдыл банысан кодтой, цæмæй æрцахсыны бæрцад бæрзонд у раззаг мæймæ абаргæйæ, афтæ ма ноджы, ивгъуыд азы аналогион периоды бæрæггæнæнтимæ абаргæйæ. Афтæ ма, дыууæхатты фæфылдæргонд у Цæстдарæг Миссийы тæвд хаххмæ æрбадзурыны бæрцад дæр.

Print