Административон арæнон хаххмæ ввахс хъæуты Евроцæдисы цæстдарæгон
миссийы минæвæрттæ цæрджытимæ фембæлдтытæ дарддæр кæнынц.
Радон ахæм фембæлд миссийы ног разамонæджы уавæрты дæр уагъд
æрцыд.
«Бынæттон цæрæг сылгоймæгтæ стыр æхсызгонимæ ныхас кæнынц нæ
цæстарджытимæ», – загъдæуы миссийы курдиаты.
«Уыдон адæймæгтимæ æндæр æмæ æндæр фарстæтыл ныхас кæнынц. Уыдон
æхсæн ахæм фарстæтыл дæр, куыд, зæгъæм: краны сыгъдæг нуазыны доны
уæвынад, газы уæвыны уавæрты хæринаг æрцæттæ кæнын, рынчыны
рæстæджы æнæниздзинад хъахъхъæныны къухдариуæгад, тыллæг райсын æмæ
ма ноджы сæ фыдæлты уæлмæрдмæ дидинджытæ бахæссын», – нысан кæнынц
цæстдарджытæ
Миссийы патрулон къордты уæнгтæ административон арæнон хаххы цур
хъæутæм сæ цæст дарынц æмæ уым цæрæг адæмы æрвылбонон царды тыххæй
хыгъдлæвæрд цæттæ кæнынц.