Гуырдзыстоны финансты министрады фæдагурæн куыстуаты æмкусджытæ,
ауагъд оперативон-сгарæн мадзæлтты æмæ фæдагурæн архæйдтыты
фæстиуæгæн, быр бæрцæй æхцайы суммæ фæлывдæй хибакæныны æртæ факты
сбæрæг кодтой æмæ фыдракæнды аххосджын 5 адæмаг æрцахстой.
Фæдагуырды рæстæджы сбæрæг, цæмæй иу цауы, аххосджынтæ Гуырдзыстоны
оккупирон территоритæй ралидзгæ иу лигъдоны æууæнкдзинады бацыдысты
æмæ йын сайдæй бауырнын кодтой, цæмæй Гуырдзыстоны оккупирон
территоритæй ралидзгæ гоймæгы æмæ лигъдæтты министрады æмкусæджы
æххуысæй, аккаг æхцайы суммæйы бафидгæ цауы, уымæн хисæрмагондмæ
лæвæрд æрцæудзæн лигъдæттæн æмбæлгæ цæрæн бынаты.
Фæлæ иннæ дыууæ цауы та аххосджынтæ лигъдæттæн баныфсæвæрдтой,
цæмæй сын баххуыс кæндзысты æнæ радæй цæрæн хæдзæртты райсынæн.
Ацы фæлитойдзинады фæндагæй, аххосджынтæ сайдæй сæхи бакодтой
æдæппæт 14 100 АИШ доллары.
Фæдагуырд дарддæр цæуы Гуырдзыстоны уголовон тæрхоны кодексы 180-æм
пункты 2-аг æмæ 3-аг хæйттæй, кæцы нысан кæны 6-азæй 9 азмæ
ахæстоны бадын.