Лигъдон сылгоймæгтæ куысты барты хæлддзинадыл æрныхас кодтой
Квагъинидзе Тинатин демократийы скъолæйы ауагъд фембæлдыл йæхи
сæрмагонд бинонты цæвиттоныл лигъдæтты уавæры фæдыл раныхас кодта.
Ацы рæстæджы онг уый уазæгдон «Картлийы» цæры æмæ уыцы барты
бахъахъхъæныныл тох кæны, кæцы уый ныхасмæ гæсгæ лигъдæтты
министрады ‘рдыгæй цæуы хæлд. Уый ныпырхкæнинаг объектты цæрæг
лигъдæттæй у сæ иу, кæцыйæн фатер Мæскуыйы уынгыл, ногарæзт
корпусты нæ раттой. Лигъдæтты министрады ныхмæ уый фыццаг
инстанцийы тæрхоны процесс ныридæгæн рамбылдта.
Фембæлдыл уыдысты Гуры æндæр æмæ æндæр цæрæнуæтты цæрæг 15-онг
лигъдон сылгоймаг. Ныхасы темæ уыд бинонты ‘хсæн тыхмидзинад æмæ
фемициды тыххæй, уымæй дарддæр ма ноджы ныхас цыд æндæр актуалон
фарстæтыл дæр. Сæ иу хай зæронд æмæ ног хицауады хицауиуæджы
периоды куысты барты хæлддзинæдтыл ныхас кодта.
Дискуссийы Къаралеты сылгоймæгты солидарондзинады центры ‘рдыгæй
æрхонгæ уазæг, сылгоймæгты информацион центры къухдариуæггæнæг
хайад иста. Элене Русецки хъуыды кæны, цæмæй актуалондзинадмæ гæсгæ
куысты барты темæйæн хицæн фембæлд сплан кæнын хъæуы.
Дискусси сылгоймæгты фонды æххуысæй арæзт проекты «Æмбарынады
сбæрзонд кæныны кампани регионы сылгоймæты рдæм тыхмидзинады сусæг
формæты скуынæг кæнынæн», фæлгæтты арæзт æрцыд, кæцыйы Гуры
муниципалитеты Къаралеты сылгоймæгты солидарондзинады центр æххæст
кæны. Проекты фæлгæтты ноябры мæйы онг хъæуты цæрæг сылгоймæгтимæ
æндæр æмæ æндæр активтæ ис сплангонд.