Ног хабæрттæ
Зындгонд фотойы æнæзонгæ хъайтартæ
Хæстæй 10 азы рацыды фæстæ мах уыцы фотойы хъайтартыл фембæлдыстæм, кæцытæ августы трагикон цауты иуæй-иу символ сси.

Спырхгонд корпусы фоныл ныфссаст æвзонг сылгоймаг йæ къухы чысыл сывæллоныл хæцы æмæ æххуыс куры.

2008 азы 9-æм августы ист фото æгас дунейы дзыллон информацийы рапарахат æмæ Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæсты символ сси.

Ацы фотойыл æвдыст хъайтарты хабар куы нæ зонай, уæд афтæ æнхъæлыс, цыма уый мад æмæ йæ хъæбул сты ист нывы, афтæмæй та фотойыл ис 28 аздзыд Цецхладзе Нино, кæцы йæ къухы хæцы йе фсымæры хъæбулыл, афæдз æмæ æрдæгаздзыд чысыл Деайыл, йæхи 12 аздзыд Датуна дæр уым æввахс ис, фæлæ уый объективмæ нæ бахаудта.

Шида Картлийы информацион центр фотойы хъайтарты августы хæстæй дæс азы рацыды номарæныл æрцагуырдта.



Ацы фотойыл æвдыст хъайтарты хабар куы нæ зонай, уæд афтæ зыны, цыма уый мад æмæ йæ хъæбул сты ист нывы, афтæмæй та фотойыл ис 28 аздзыд Цецхладзе Нино кæцы йæ къухы хæцы йе фсымæры хъæбулыл, афæдз æмæ æрдæгаздзыд чысыл Деайыл, йæхи 12 аздзыд Датуна дæр уым æввахс ис, фæлæ уый объективмæ нæ бахаудта.



Шида Картлийы информацион центр фотойы хъайтарты августы хæсты рацыдæй дæс азы номарæныл æрцагуырдта.

Деайы фыдыхо, Нино ныртæккæ Кипры йæ дыккаг моимæ æмæ æртæ сывæллонимæ иумæ цæры. Нино Гуырдзыстоны 2010 азы ныууагъта æмæ цыппар азы мидæг дыккаг хат чындзы ацыд. Зæгъы, цæмæй хæстæй дыууæ мæйы фæстæ ахицæн йæ мойæ. Йе мкъай хæсты рæстæджы райсгæ травмæтæн нæ бафæрæзта æмæ аскъуыддзаг кодтой хицæнтæй цæрын. Йæхæдæг Нино æмæ йæ бинонты уæнгтæн абоны уонг хæсты ферох кæнын нæ бантыст.

«10 азы бæргæ рацыд, фæлæ мын уыцы момент абон дæр рæстæг æрлæууын кæны, мæ хъуыды мын сæлын кæны æмæ мæ кæуындзæг мæ хъуыры бады. Æнæбон, æнæхъахъхъæд, æнæркаст уыдыстæм. Æхстыты рæстæджы хæдзары ныккæндмæ ныхызтыстæм, æнæхъæн сых уым уыдыстæм, хъуыды кодтам, зæгъгæ, нæхи кæд афтæмæй аирвæзын кæниккам фыдбылызæй. Уалынмæ мæ мой тыхулæфтгæнгæ æрбалæууыд уым, хъуамæ дам, æвæстиатæй ацæуæм ардыгæй, Гуры, дам, хъуамæ зæххæмвæз скæной. Æддæмæ куы рахызтыстæм уæд федтам «тагъд æххуысы бæстыхай» куыд сыгъдис, бомбæтæ згъæлдысты, æз та фырадæргæйæ дыууæрдæм кодтон сывæллон мæ къухы афтæмæй. Адæймаг ахæм рæстæджы ницыуал фембары», - мысы Нино Верхуыты цæрæнуаты бомбæтæ куы æркалдтой уыцы хабары.

Нинойы хистæр хъæбул Датуна хæсты йæхæдæг æрыййæфта. Ныртæккæ уый дыууын дыууæаздзыд у, йæ кæстæр æфсымæрыл авд азы цæуы, астæуккаг – фондзаздзыд у, æппæты кæстæр та дыууæаздзыд у. Нино фотойы тыххæй хæсты фæстæ райгуырд сывæлæттæн дæр ракой кæны.

Аст азы ныр Кипры цæры æмæ Гуырдзыстоны йæ хæстæджытимæ æрмæстдæр интернеты æххуысæй фæныхас кæны.

Print