Къамы, кæцы Гуры бомбæты æркалыны рæстæджы фæсарæйнаг журналист
систа, Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæсты историйы нысаниуæгджын бынат
ахсы.
Фото горæты центры у ист æмæ Уæрæсейы рдыгæй Гуырдзыстоны
территорийы бацахсыны фæстиуæг æвдисы. Фотойыл æвдыст Мерабишвили
Жужуна та, æххуыс куры.
Гоциридзе-Мерабишвили Жужуна ныртæккæ, 80 аздзыд у æмæ фæстæмæ уыцы
хæдзары цæры, кæцымæ 2008 азы августы «касетон бомбæйы» хай
бахаудта. Мерабишвили Жужуна æнæнхъæлæджы фервæзти. Нырма тохгæнæн
æрмæгæй аирвæзти, уый фæстæ та, зынгирвæзтæй.
«Тилифоны мæ хъæбулимæ ныхас кодтон, кæцы Грецийы царди. Фарста мæ,
æцæг дам бомбæтæ калынц Гурыл, æз ын дзырдтон, зæгъгæ, нæ, нæ!
Фæлæ, растдæр, уыцы рæстæджы бомбæ æрхаудта горæты астæу. Иу бомбæ
дзы нæ кæрты дæр æрхаудта. Бомбæйы схъистæй хъæдзармæ дæр
æрбахаудта. Телефон уайтагъд ахицæни. Дуар та, йæхигъæдæй сæхгæдта.
Æз хъæр кæнын, кæй судзын хъæдзары мидæг, уымæн æмæ балкъоныл зынг
сирвæзти», - мысы 9 азы размæйы хабары Жужуна.
სტატიის გამოყენების პირობები