Алы ног сезоны размæ ног контракт æвæрд æрцæуы æмæ йæ фæуды
фарстамæ нæма не ркастытсты. Ацы курдиат Шида Картлийы информацион
центримæ ныхасгæнгæйæ йæхæдæг сериалы сценарист Девдориани Кети
сарæзта. Уый ныхасмæ гæсгæйæ, ацы сезоны иннæ сезонмæ абаргæйæ бирæ
карздæр сюжеттæй райдыдта æмæ сериалы кæсæгмæ æнхъæлмæ кæсы тынг
цымыдисон серитæ.
Девдориани Кети, кæцы дихгæнæг хаххы цур хъæуты уыдис æмæ æрыгæттæн
радзырдта уырыссаг пропогандæйы тыххæй, зæгъы, цæмæй, сериалы исыны
бындурæн реалондзинады æнæраст æнкъарæн æвæрд ис. Персонажтæ дæр
сæйрагæйдæр æнæраст уынаффæтæ исынц æмæ фактты дæр, уый фæстæ
анализ кæнынц.
«Мæ нысан уыди уый, цæмæй æндæр сезонты цы уыдис уымæй чысыл
карздæр уыд уыцы реалондзинад фенын кæнынæн, кæцы махæн нæ
алфæмблайы цæуы. Анапорæйы конд дарæсы адæм, иуæй-иу хат йæхи афтæ
дары æмæ йыл нæ фидауы, уый мæ хъуыдымæ гæсгæйæ æнæзонгæ нал у.
Проблемæтæ ис паддзахадæн, адæмæн æмæ аргъуанæн. Растдæр ацы
проблемæты уынын кæнæм, æрмæст æндæр жанры. Сериалы идейæ у уый,
æмæ мах цух кæй стæм ацы фарстæтыл ахъуыды кæнын, кæцы нæ тыхсын
кæны. Сериалы дæр зыны, æмæ персонажтæ раст уынаффæтæ никуы
райсынц. Ай у уыцы реалондзинад æмæ нæм иуæй иу хатт худæг дæр
фæкæсы, кæцыйы цæрæм. Сериалæн пропогандистон нысæнттæ нæй, фæлæ
алы серийы дæр ис йæхи æрвыстытæ. Ацы æрвыстытæ та сты уыдон, цæмæй
мах нæхæдæг дæр нæхицæн баххуыс кæнæм», - зæгъы Девдориани
Кети.
Сериалы сценарист æмбарын кæны цæмæй сериал уымæн бирæ критиктæ кæй
фæзынын кодта, кæцыйы æргомæй фиксир кæнынц.
«Фæнды мæ æмæ уын зæгъон, цæмæй сериалы фæстиуæгæн мæ феминисттæ
дæр критикæ кæнынц, динон кусджытæ дæр æмæ æхсæнады æндæр æмæ æндæр
къордтæ дæр. Сериалы алчи дæр йæхирдыгонау æмбары, ацы сериал
иуæй-иутæн критикæйы бындур свæййы, иуæй-иутæн та иннæрдæм. Фынæйы
размæ æхцон æмæ хъæлдзæг зæрдæйы ахаст аразæм. Иуæй-иу уыдонæй
мæнæн фæдзуры, цæмæй æлгъыстытæ афтæ арæх ма хъуамæ хъуыса, зæгъгæ,
фæлæ йæ алчидæр зоны, æмæ ацы сериал кæй у 18 азæй уæлæмæ кæуыл
цæуы уыдонæн, æхсæвы æвдыст цæуы æмæ сывæллæттæн рекомендацигонд
нæу. Иу чидæр ма афтæ дæр загъта, сериал дам куы нæ вæййы мæ
сыхæгтæй уæддæр хъуысын байдайы æрвылбон æлгъыстытæ. Уый тыххæй
нымайын æмæ уый кæй нæу æнæхсæстдзинад æмæ кæй никæй хъыгдары», -
зæгъы Девдориани Кети.
სტატიის გამოყენების პირობები