Лигъдон сылгоймæгты фыццаджыдæр фæнды нуазыны доны проблемæ
æрбæстон кæнын. Ай фæдыл абоны ауагъд фембæлдыл загътой, цыран
сылгоймаг æвзарæнты хъæугæдзинæдты фæдыл æрцæттæгонд иртæсты
фæстиуджыты презентаци уагъд æрцыд.
Мадзалыл доклад сарæзта организаци «Картлосы» минæвар Джебисашвили
Ана, кæцы Скърайы лигъдæтты цæрæнуаты сылгоймæгты хъæугæдзинæдтимæ
бынатыл йæхæдæг зонгæ кодта.
«Иртæстмæ гæсгæ, лигъдон сылгоймæгты фæнды нуазыны доны проблемæйы
æрбæстон кæнын, афтæ ма ноджы мидæг фæндæгты æмæ тротуарты саразын,
уынгты арæзт цырæгътæн сæ сыгъд лампæты раивын æмæ æрыгон фæсивæдæн
библиотекйы бакæнын бынаты. Банысангонд иртæсты фæстиуæгæй
æвзæрстыты хайадисæг мерийы кандидаттимæ дæр базонгæ сты», - загъта
уый.
Иртасæн уагъд æрцыд сентябры мæйы æмæ Гуырдзыстоны 10 регионы
æмбæстагон æхсæнады регионалон хызы (R-CSN) уæнг æнæхицауадон
организацитæ æдæппæт 1106 сылгоймаг æрфарстой.
Хатдзæг арæзт æрцыд æнæхицауадон организаци «Сида» æмæ æмбæстагон
æхсæнады регионалон хызы (R-CSN) рдыгæй скæсæн-ныгуылæны уаг
дæттыны институты ACCESS-йы проекты фæлгæтты, АИШ æхсæнадæмон рæзты
агентады (USAID) æмæ Евроцæдисы финансон æххуысæй.
სტატიის გამოყენების პირობები