Гуры, центр «Абхазийы» æххæстгæнæг директор Милорава Нукри медиайы
минæвæрттыл фембæлд æмæ лигъдæтты темы уæвæг проблемæты æмæ
уавæртыл æрныхас кодта.
Котеджон типы лигъдæтты цæрæнуæтты информацион туры фæстæ,
журналисттимæ фембæлд уазæгдон «Викторийы» уагъд æрцыд.
Журналисттæ лигъдæтты æртæ цæрæнуатмæ (Верхуыты лигъдæтты цæрæнуат,
Скрайы лигъдæтты цæрæнуат, Къаралеты лигъдæтты цæрæнуат) ныццыдысты
æмæ уым сæхæдæг байхъуыстой бынаты уæвæг проблемæты фæдыл темы
минæвæрттæй.
Проекты фæлгæтты Шида Картлийы, Мцхета-Мтианеты æмæ Квемо Картлийы
регионты уæвæг лигъдæтты цæрæнуæтты (коллективон центртæ æмæ
котеджон типы цæрæнуæттæ) фыццаг хаттон фарст ауагъды æмæ уый фæстæ
этапыл ауагъд тренингты рæстæджы, лигъдæттæ сæхæдæг ранымадтой
бынатыл уæвæг æндæр æмæ æндæр проблемæты.
Фæстæдæр этапыл та, адвокатирады кампанийæн 2 сæйраг проблемæйы
сæвзæрстой æмæ сæ алыг кæнынæн бынæттон æмæ централон хицауады
минæвæрттимæ фембæлдтытæ æмæ тымбыл фынгы рабæдтытæ аразын
райдыдтой.
Проекты нысан у лигъдон темты зонынад сбæрзонд кæнын, ахуырад
раразмæ кæнын æмæ фылдæр хайад райсын, кæцы нысан кæны æнтыстджын
адвокатирады процессы ауадзын лигъдæтты темы уæвæг æндæр æмæ æндæр
проблемæты æрбæстон кæнынæн.
Информацион медиатур уагъд æрцыд проекты «Рæстдзинадон
æхсæнадырдæм» фæлгæтты, кæцыйы центр «Абхази» æмбæстагон æхсæнады
рæзынады фонды (CISU) финансон æххуысæй æмæ лигъдæтты Данийы
Советимæ (DRC) партнерадæй Шида Картлийы æххæст цæуы. Проект 20
локацийы гуырахст у æмæ 2018 азы февралы мæйы фæуыдзæнис.
სტატიის გამოყენების პირობები