Хæрзчысыл дæр къæвда куы рауары уæд машинæ уæлæмæ нал схизы.
Мæ хъæбул куы ссæуы ардæм уæд æхсæвы куы схуыссæм æмæ къæвда куы
райдайы уæд фестынц æмæ цæуынмæ фæвæййынц, къæвдайæ тæрсгæйæ.
Цыма цæрæнбоны банкъарыс афтæ вæййы дæ кæртмæ куы рахизыс искуы куы
вæййын æмæ фæстæмæ куы æрбаздæхын уæд.
Æхсызгон мын вæййы æмæ цыдæр цæрæнбоны энергийы банкъарын.
Ай у Карелы районы хъæу Окросопели (Зæринхъæу)
Мæ чындзыцыдæй ныр ам 50 азы дæн æмæ 50 азы размæ ам кæрдæджыхал
дæр нæ федтаис, уымæн æмæ уыййас фос дардтой адæм, уыййас адæм
змæлыд, æмæ æппындæр иу чысыл зæххы хай дæр нæ задис æнæкустæй.
Афтæ таурæгъмæ гæсгæ цыма лæг хуындис окро (зæрин) æмæ уымæ гæсгæ
афтæ схуыдтой хъæуы ном дæр, афтæ йæ зонæм мах.
Фæнды мæ, цæмæй ам адæм уа. Ам дæ исты куы бахъæуа, уæд дзы чидæр
хъуамæ уа.
Кæннод, зæгъæм, ис ахæм момент æмæ къæвда æруарыд æмæ дæ æххуыс
бахъуыд æмæ рæстæгыл транспорт нæ æрбацыд, тагъдæххуыс.
Карджын адæм стæм ныр æз дæр æмæ мæ бинонтæ дæр æмæ уый тыххæй тасы
бын стæм, бахъуыды рæстæджы мыййаг куынæ æрбацæуа Тагъдæххуыс,
куынæ нын баххуыс кæна исчи æмæ уæд уымæй тæрсæм.
Иунæг минут дæр нæ ныууагътам мах, æз æмæ мæ бинонтæ хъæуы.
Раджы ам цардис 80 хæдзары. Уыдис дзы астазон скъолæ, цæрынц дзы
Богъишвилитæ, Чибирашвилитæ, Къулумбегашвилитæ.
Сæйрагæй дзы вæййынц æртæ хæдзары бинонтæ, цыппар хæдзары бинонтæ
ацæуынц зымæджы æмæ уалдзæджы æрбаздæхынц.
Хорз тыллæг зайæн бынат у ацы хъæу.
Ныгуылæн Гуырдзыстонæй дæр иу ардæм цыдысты кусынмæ, цæмæй ам
бакуыстаиккой æмæ куыстымызд райстаиккой.
Фæлæ ныр æвзонг фæсивæдæн ам сæ зæрдæмæ нæ цæуы.
Нæ сæ фæнды ам, нæ зонын нæ цæуы сæ зæрдæмæ хъæуы.
Хъæуы уыййас æфиаг нæй, стæй дон дæр нæй цæхæрадон цæмæй
ныддонхæрæг кæнай.
Æнæуи доны крантæ кæрты ис, нуазыны дон нын ис æдзух. Алкæмæн дæр
йæ кæрты ис доны кран. Адæм нæй æмæ нæдæр æркаст ис, ничиуал
æрбацæуы.
Цæугæ дæр ничи кæны йæ цæхæрадонмæ Уымæн æмæ фæндаггаг тынг зынаргъ
у, стæй тыллæг дæр уыййас нæй.
სტატიის გამოყენების პირობები