Ног хабæрттæ
«Ничи нын ис хицау» — чемерттаг Къасрадзе Сулхан хицауады æнæхъусдарды фæдыл
Чемерттаг Къасрадзе Сулхан ныртæккæ цæры Къаспы муниципалитеты, Метъехы лигъдæтты цæрæнуаты. 2008 азы хæсты фæстæ йæхи фæлвæрд царды æмæ абоны царды уавæрыл ныхас кæны, уый ныхасмæ гæсгæ, уæд хъæу стыр тæссагдзинады бын уыдис, абон та бынæттон цæрджытæ хицауадæй æнæхъусдард æнкъарынц сæхи.

«Фыццаг бынат, цыранмæ уырыссаг æфсад æрбацыд, Хъалаты сых уыдис. Уым иу сывæллон фæзиан, фыд аирвæзт. Йæ мад уырыссаг уыд æмæ семæ уырыссагау ныхас кодта, фæлæ йæ уыдон хъуыды дæр не ркодтой. Сидзæр сывæллонмæ сæ кæсгæ дæр ничи бакодта», — дзуры Къасрадзе.

Уый ныхасмæ гæсгæ, хæсты рæстæджы æгас хъæу Чемерты стыр мæсыгы сæхи æмбæхстой. Уым сæхи æдасдæрæй хатыдтой, уымæн æмæ æдзух æхстытæ уыд бомбæтæ калдтой.



Къасрадзе Сулхан абон дæр стыр зæрæдæрыстæй ныхас кæны хицауады тыххæй. «Кæй аххос у уæдæ, Къобахидзе дыууæрдæм куы кæны? Æрбацыд уый ардæм искуы? Федтон æй цæстæй?» — фæрсы уый

Къасрадзе нын фенын кодта йæ ног арæзт дыргъдон дæр. Дзуры, цæмæй алцыдæр йæхи тыхтæй кæй аразы, æмæ йын æххуыс кæй никæмæй ис:

«Чи ис ам махæн хицау? Лигъдæттæ æнæхицауæй, æнæркастæй баззадыстæм, чидæриддæр нæм йæ хъус æрдара, мæ сæр сæ нывонд уыдонæн, кæцыфæнды хицауад ма уæд, фæлæ нæ хъыгагæн фæрсгæ дæр ничи кæны».



Зæхкусæг ма конкретон проблемæты дæр ранымадта. Куыд зæгъы, афтæмæй хъæдмæ бацæугæйæ æфхæрд цæуы иварæй, йæ тыллæгæн ын æвæрæн бынат нæй, ацы азы та йын нæ уайы ауæй кæнын дыууæ сæдæ асыкк фæткъуытæ.

«Хицауад мæ бафæрсдзæн истæмæй? Цы бакæна зæхкусæг? Уый æрбæстон кæнын гæнæн уыдаид заводтæ куы кусиккой, цыранмæ дыргъы дон радтаиккам» — зæгъы уый.

Къасрадзе мысы, цæмæй хæсты агъоммæ уымæн кæй уыд стыр хæдзар æмæ стыр ныккæнд (падвал). Абон та йын ис æрмæстдæр чысыл æвæрæндон, цыран æвæры консервтæ. «Ай цард у?» — æвæры фарста.

«Ам гамгебели дæр ис æмæ сакребуло дæр, фæлæ ничи тырны зæхкусæгæн баххуыс кæна. Ничи нын ис хицау», — зæгъы Къасрадзе Сулхан.
Print

სტატიის გამოყენების პირობები