«Кæд сымах ирæттæ стут, ай нæ зæхх у æмæ уæ уырыссæгтæ пайда кæнынц. Кæд уырыссæгтæ стут, уæд окупанттæ стут»
«Кæд сымах ирæттæ стут, ай нæ зæхх у æмæ уæ уырыссæгтæ пайда
кæнынц. Кæд уырыссæгтæ стут, уæд окупанттæ стут æмæ йæ уæхæдæг дæр
хорз зонут, нæ зæххыл кæй стут, гуырдзыйы зæххыл».
«Мах ам нырма 6-7 адæймаг стæм. Ноджы фылдæрдæр уыдзыстæм æмæ уæ
камерæты, дунейы цæсты раз сымах бахъæудзæн махæй алкæйдæр амарын.
Бахъæудзæн уæ уыцы адæймæгты амарын, кæцытæ сæхи сæрмагонд зæххы
сымахæй бахъахъхъæндзысты. Уый бахъуыды кæнут æмæ йæ уæхиуæттæн дæр
фехъусын кæнут. Ардыгæй мах нæ ацæудзыстæм. Куыддæр сфæнд кæнат æмæ
иу цæджындз дæр æрсадзат ам, бахъæудзæн уæ мах фехсын. Ай тыххæй
мах цæттæ стæм. Æнæ хæцæнгарзæй та уый тыххæй стæм, æмæ мах раст
стæм. Ай нæ зæхх у æмæ æнæ хæцæнгарзæй 100-хатты тыхджындæр стæм,
уыдонæй, чидæриддæр нæ зæххмæ æрбацæуа хæцæнгарзимæ».
Фехъусын кодта змæлды – «Тых иудзинады» лидер Кацарава Давит Атъоцы
хъæуы цур лæууæг а.х. арæнхъахъхъæнджытæн.