Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Дихгæнæг хаххы цур декабры мæйы уырыссаг æфсæддонтæ 64 адæймаджы æрцахстой
Дихгæнæнг хаххы цур 2018 азы декабры мæйы уырыссаг æфсæддонтæ 64 адæймаджы æрцахстой. Ай фæдыл информаци дэ-факто Хуссар Ирыстоны æдасдзинады камитет парахат кæны.

Пресс-куыстуаты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ахст гоймæгтæй 40 адæймаг а.х. «паддзахадон арæн» фехæлдта, фæлæ 24 та «арæнон зонæ» фехæлдта.

«Арæны фехалæгыл» нымад цæуы уыцы адæймаг, кæцыдæриддæр дихгæнæг хаххыл рахиздзæн кæнæ Гуырдзыстоны хицауады контролгонд территорийæ, кæнæ та зæгъæм, фæлвæрдта Цхинвалы районы ныууадзын.

«Арæнон зонæмæ» та цы хауы, уымæй, æнæрасидгæ республикæйы закъонмæ гæсгæ, æнæ специалон пропускæй, дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс цæрæнуатмæ бацæуыны бар нæй.

2018 азы æдæппæт ахст адæймæгты нымæц 607-мæ хæццæ кæны, кæцы бирæхатт фылдæр у 2017 азы бæрæггæнæнтæм абаргæйæ. 2017 азы Уæрæсейы æфсæддонтæ 514 æмбæстаг æрцахстой.

Раст, ацы сырæзгæ æвдисæгтæм гæсгæ, æдасдзинады камитет æмбарын кæны, цæмæй кæй фæкарз ис дэ-факто республикæмæ бацæуыны процедурæтæ.

Гуырдзыстоны паддзахадон æдасдзинады куыстуаты статистикæмæ гæсгæ, 2017 азы, ахст сты Гуырдзыстоны пасторты уæвæг 125 адæймаг. Цхинвалы æдасдзинады камитетмæ гæсгæ та, ахст ис æдæппæт 514 адæймæг, кæцыты ‘хсæн сты куыд Гуырдзыстоны, афтæ, дэ-факто республикæйы паспорты уæвæг æмбæстæгтæ.

Фидыды æмæ æмбæстагон æмбарады фарстæты паддзахадон министры курдиатмæ гæсгæ, Цхинвал къуылымпы кæны ирон æмбæстæгты ацæуын æмæ фенын сæ хæстæджыты, кæцытæ Гуырдзыстоны хицауады дæлбариуæг территорийыл цæрынц.

Цхинвалы æдасдзинады камитеты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ацæугæ азы, а.х. арæныл ахызты тыххæй ивар бафыстой 120 000 рублы бæрц, кæцы ларитæй у 30 000 ларийы бæрц.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.