Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Сосиашвили Гиоргийы радзырд «Сындзтелгæрæн» Инанишвили Резойы номыл премийы уæлахиздзау сси
«Зæрдæрисгæ у йæ бинойнаджы уæлмæрдмæ дардæй кæсæг Беронты Тедойы уавæр. Цæссыг цы у, æмæ цæмæй цæссыг æркала йемдзæрæджы ингæныл, йæ риуыл сзайгæ кæрдæджытæ йын ратона, уый бар дæр ын нæ дæтты ацы дзæгъæйлаг сындзджын ауæдз», - фыссы публицист æмæ критик Гелиташвили Тамар Сосиашвили Гиоргийы радзырд «Сындзтелгæрæн»-ы æвзаргæйæ. – «Тедойы гоймагæн, йæ миддуне ноджы ирддæрæй æвдисы сæрмагонд халдихимæ ныхас кæнынæй. Ацы сæрмагонд халдих-æндæрг уымæн йæ намыс у, кæцыйы уынæр уайтагъд райхъуысы зæронд лæгмæ, куыддæр йæ принциптыл сайдæй рацæуынмæ æрхъавы, æмæ йæ цæмæй йæ бинойнаджы уæлмæрдмæ бауадзой, уый тыххæй, уый уырыссаг арæнгæстæн гæртам раттын куы аскъуыддзаг кæны. Ай тыххæй уый арахъхъ уадзын райдайы, фæлæ йæ уайтагъд уыцы фæдылдзу намыс æруромы. Ацы хæрзном лæгæн йæ намыс дæр сыгъдæг æмæ хæрзирд у».

Раст уый тыххæй афтæ дзуры фыссæг: «Йæ хъæлæс фæивта æндæргæн, цыма йæ зæрдæ суынгæг». Йæ намыс скуыдта Тедойæн æмæ «æргомæй» дзуры зæронд лæгæн: «уырыссæгтæн уадзыс арахъхъ, фæнды дæ сæ зæрдæ сын балхæнай, знаджы зæрдæ. Арахъхъ сын ратдзынæ æмæ дæ чизоны искæуылты бауадзой уыцырдæм, сындзтелгæрæны иннæ фарсмæ. Балæгъстæ сын кæндзынæ, дæ хъуыдыйы афтæ ис. Хъуыры цъар иваздзынæ, куы дын зæгъой, дæ зонгуытыл дæр сын слуæдзынæ, æрмæст дын дæ бинойнаджы ингæн фенын кæной… Дæ уагъд арахъхъæй едзаг агуывзæтæ кæрæдзимæ бакъуырцц кæндзысты уырыссæгтæ, стæй сæ адæлæмæ кæндзысты (аназдзысты), дзулы къæбæрмæ басмуддзысты… Хинæйдзаг цæсгæмттæй дæм кæсдзысты уырыссаг арæнгæстæ. Сæрыстырдзинадæй едзаг кæны сæ зæрдæтæ зæронд, æгадмæ æрхауæг, кадсæфт «знаджы» куы уынынц…».

Æдыппæт цалдæр минуты адаргъ ис Тедойы удон тох. Йæ размæ слæууæг намысы зæронд лæг фæстагмæ уымæй æрсабыр кодта, æмæ тагъд-тагъд бауад судзгæ артыл æвæрд агмæ æмæ фыцгæ арахъхъæй йедзаг мигæнæны сыджытыл фæдæлгоммæ кодта. Стæй, сусæгæй куыд ничи йæ бафиппайдтаид афтæ сындзтелгæрæныл бахызтис фалæмæ, уыцы æргомгæнæн хъæлæс дæр йемæ нал рацыдис. Афтæ сыгъдæгнамысимæ æмæ йæ кад нæ фесафгæйæ атагъд кодта Тедо йæ бинойнагимæ фембæлынмæ.

Йæ бинойнаджы ингæныл ныффæлдæхт Тедойы буар мын уайтагъд Отараты идæдзы мæлæты æрымысын кодта. Ильяйы «Отараты идæдз»-ы æмæ «Сындзтелгæрæн»-ы ‘хсæн æцæгæйдæр цыдæр ис иумæйаг. Ам æмбæлæм дыууæ сæйраг чырыстон бæрæгбонимæ: Мацховарийы цыппурс æмæ Куадзæн. Отараты идæдз Цыппурсы æхсæвы фæзиан, Тедо – Куадзæны æхсæвы. Дыууæ дæр «фидаруидагджын бæлас» уарзон адæймаджы ингæныл «æрхаудтой». Нæдæр Отараты идæдзæн ничи уыдис Гиоргийæ дарддæр æмæ нæдæр Тедойæн – йæ бинойнагæй дарддæр. Дыууæ дæр иунæгæй цæргæйæ арвыстой сæ уæззау царды бонтæ, æрмæст Отараты идæдзæн иу зæрдæриссгæ хицау уæддæр уыдис, Сосиа куыройгæс, фæлæ, чи уыдис, кæй зæрдæ фæрысти Беронты зæронд Тедойы мæлæтыл та? Ам та фæстæмæ Ильяйы ныхæстæй спайда кæндзынæн æмæ зæгъдзынæн: «Ай дæр кæй у хъæугæфыддзинадон æмæ судзгæлгъыстон фарст æвæринаг ацы хæццæ-мæццæ æмæ зылын-мылын мæнгдунейы». Хъуыды кæнын, раст ацы егъау фарсты нысан æрывæрдта Сосиашвили Гиорги йæ радзырды», - фыссы Гелиташвили Тамар.

Сосиашвили Гиоргийы радзырд «Сындзтелгæрæн» Инанишвили Резойы номыл «Иу радзырды» конкурсы фыццаг премийы хицау сси. Дыккаг преми лæвæрд æрцыд Шемокмедели Давитæн – «Цæмæн кæуынц цъиутæ зымæджы», æртыккаг преми та Папиашвили Зураби райста – «Хуыцауы æвзæрст».

2018 азы конкурсмæ бавдыст уацмыстæн саргъ кодтой конкурсы жюрийы уæнгтæ: поэт æмæ литературæзонæг Шенгелиа Кетеван (сæрдар), поэт Гогричъиани Джумбер (Джуба Гъебели), фыссæг Хмаладзе Тамаз, литературæзонæг Чхиквишвили Нино.

Конкурсы бындурæвæрæг у литературон журнал «Анеулийы» сæйраг редактор, поэт Шаишмелашвили Тамар. Конкурсы организаци кæныны нысаниуæг хай бахаста Тбилисы фæндзæм сакребулойы уæнг Зумбадзе Гулико.

Инанишвили Резойы номыл «Иу радзырды» конкурс Тбилисы мерийы культурæйы горæтты куыстуаты æххуысæй уагъд æрцыд. Конкурсы фарсхæцджытæ сты: Сагареджойы культурæйы объектты баиудзинад, национ библиотекæ, информацион-аналитикон портал «Къвира (хуыцаубон)».

Хорзæхджынкæныны церемонийы фæстæ уагъд æрцыд литературон журнал «Анеулийы» 2018 азы 4-æм номыры равдыст, цыран рапарахат ис æртæ уæлахиздзау радзырды.



Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.