Ног хабæрттæ
Каралеты котеджты асфальтгонд æрцæудзысты фæндæгтæ
Каралеты лигъдæтты цæрæнуаты фæндæгты реабилитацион куыстытæн 3,9 милуан лари хицæнгонд æрцыд.

Ай тыххæй Qartli.ge-йæн мерийæ фехъусын кодтой.

Администрацийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Каралеты лигъдæтты цæрæнуаты æртæ сыхы дæр фæндæгтæ асфальт æрцæудзысты. Фæндæгты иумæйаг дæргъ 6 км æмæ 889 метры у.

Фæуæлахиздзау уæвæг компани 2019 азы 13-æм февралы рабæрæг уыдзæнис. Фæндаджы куыстытæ уалдзæгæй райдайдзысты æмæ планмæ гæсгæ 6 мæймæ хъуамæ фæуой.

Print