Ног хабæрттæ
Компани, кæцы Меджврисхеуы хæдзæртты æмбæрзæнтæ сарæзта, æхцайы суммæ мерийæ куры
Компани «Алонисы» директор Македон Ананаков дарддæр хъаст кæны Гуры мерийы ныхмæ. Хъуыддаг хауы Меджврисхеуы хъæуы ауагъд куыстытæм, кæцыйы суммæ компани нæ райста.

Зианы бæрцад у, 300 000 ларимæ ‘ввахс. «Алонис», бынæттон хицауады бахæсæй, цалдæр хæдзары уæлхæдзар бамбæрзта.

«Хъаст ныртæккæ цæуы апеллацион тæрхондоны. Фæстаг рабадтыл мерийы минæвар нæ уыдис, не ‘рбацыдис. Иннæ рабадт уагъд æрцæудзæнис 12-æм февралы. Æз æхцайы суммæ домын бынæттон хицауадæй, хъасты мидис нæ фæивта», - зæгъы Македон Анаников.

Qartli.ge фыста, цæмæй бынæттон хицауады бæрнон кусджыты амындæй, дымгæйы фæстиуæгæй ныппырхгонд цæрæн хæдзæртты æмбæрзæнтæ иу мæйы æмгъуыдмæ хъуамæ арæзт æрцыдаиккой. Гамгеоба (уæдыккон къухдариуæггæнæг Ониашвили Давит) компанийæн арвыста зианбаййафæг адæмы номхыгъды. Зианбаййафджыты ‘хсæн уыдысты хицауадимæ хæстæг ахастыты уæвæг гоймæгтæ дæр.

Куыстытæ æххæстгонд æрцыдысты, фæлæ, гамгеоба компаниимæ, комкоммæ æлхæды формæйæ, бадзырды оформит кæнынмæ бафæстиат кодта. Уымæ гæсгæйæ, суммæ дæр фыст не ‘рцыди.

Гуры мерийы ныртæккæ хъусын кæнынц, цæмæй компани «Алонисæн» уыдон æхцайы суммæ кæй нæ бафиддзысты, уый тыххæй æмæ компанийæн конкретон гоймæгты хæдзæртты сцалцæг кæнын, уыдон нæ бахæс кодтой.

Æмбæстагон æгъдауæй арæзт хъуыддаджы тыххæй компани «Алонисæн» æхцайы суммæ уыцы гоймæгтæ хъуамæ бафидой, кæйдæриддæр хæдзæрттæ æрцыдысты цалцæггонд. Мерийы зæгъынц, цæмæй социалонæй æнæхъахъхъæд адæймæгтæн сæхæдæг кæй баххуыс кæндзысты, фæлæ иннæ адæймæгты тыххæй бæрæг нæу, хъавынц æви нæ æхцайы суммæ бафидын.

Тæрхоны процесс 12-æм февралы ис банысангонд.

Print