Ног хабæрттæ
Гуры лигъдæтты ног фатерты мидæг дон къултæй лæдæрсы
Гуры, комбинаты цæрæнуатмæ ‘ввахс арæзт корпусы фатерты, цыран лигъдæттæ цæрынц, доны трубæтæ атыдтой. Ай фæдыл Qartli.ge-æн уыцы хæдзары бинонтæ фехъусын кодтой, кæцы, фатер райсыны бонæй, корпусмæ нæма ахызтис цæрынмæ.

Абхазийæ лигъдон Баркалайа Инга æмæ йæ бинонтæ абоны онг сæ хæстæджыты хæдзары цæрынц. Уыдонæн фатер бæргæ раттой, фæлæ хæдзары доны трубæтæй, кæцы къулы мидæг ис монтажгонд, дон хъары. Дон æрмæст хатæны нæ, фæлæ ма, æддæмæ дæр рахъардта.

«Компанийы минæварæй дæр æмæ лигъдæтты министрадæй дæр рагæй курæм, цæмæй сæ хъус æрдарой ацы фактмæ æмæ исты среагир кæной. Куыддæр, доны кран байгом кæнын, афтæ дон къултæй райдайы лæдæрсын. Ахæм уавæры æрмæст æз нæ дæн. Мæнæй дарддæр æндæр цæрджытæ дæр уыдысты ахæм уавæры. Нæй гæнæн ахæм уавæры ацы фатеры цæрын æмæ уый тыххæй цæрæм мæ мойы æрвады хæдзары», - зæгъы Баркалайа Инга.

Бинонтæ хъусдард домынц министрадæй. Qartli.ge архайы цæмæй министрадæй официалон дзуапп райса.

480 лигъдон бинонтæн æмбæлгæ обектыл арæзтад райдыдта 2015 азы сентябры мæйы. Арæзтады куыстытæ тендеры фæуæлахизуæвæг арæзтадон компани «Трансмшени» æххæст кодта.

Арæзтадон куыстытæ, оформитгонд бадзырдмæ гæсгæ 2017 азы 11-æм августы хъуамæ кæронмæ арæзт фæуыдаиккой, фæлæ арæзтадон компани бадзырдмæ гæсгæ æмгъуыдты не сыххæст кодта йæ куыст, æмæ уымæ гæсгæ куыстытæ компани иварон санкцитæй адарддæр кодта. Арæзтадон куыстытæ официалонæй 2017 азы декабры мæйы фесты. 22-æм декабры та, стыр бæрæгбонимæ фатертæм цæрджыты бауагътой цæрынмæ.

Арæзтадон компанийы генералон директор у (нефть æмæ газы компанийы раздæры бæрнон кусæг) Шенгелиа Иракли. Уый нырма 2016 азы июнь-июлы политикон партийы тыххæй (ног Гуырдзыстон æмæ æнтыстджын Гуырдзыстоны) бахардз кодта 8000 лари. Фæлæ нысангонд компанийы сæрдары хæдивæг Гварамадзе Михеил та 2016 азы 25 августы 10 мин лари «Гуырдзиаг бæллиццæн» хыгъдмæ бахаста.

Print