Ног хабæрттæ
Къирбалæй Гурырдæм фистæгæй фæцæйцæуæг нæлгоймаджы мардæй федтой
Фæмард 35 аздзыд нæлгоймаг, кæцы фистæгæй Къирбалæй Гурырдæм фæцæйцыдис. Ацы цау Хелтубани-Меджврисхеуы фæндагыл, лигъдæтты цæрæнуатмæ ‘ввахс сæумæрайсом æрцыд.

Развæлгъау информацимæ гæсгæ, мард нæлгоймаджы полицæйæгтæ федтой. Къирбалы хъусын кæнынц, цæмæй ацы цауы тыххæй полицæ райсомæй фехъуыста.

Мидхъуыддæгты министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, машинæйы скъæрæг рабæрæг æмæ марды ныууагъды факт фиксиргонд нæ цæуы, фæлæ куыд сбæрæг кодтой машинæйы скъæрæг, уый тыххæй мидхъуыддæгты министрады пресс-куыстуат деталты нырма нæ хъæр кæны.

Фæдæвзарæн куыст тугтæрхоны (уголовон) кодексы 276-æм пункты 5-æм хайæ уагъд цæуы.

Банысангонд фадыгыл автотранспортон фæндагон цау 2018 азы 9-æм декабры æрцыд. Машинæтæ кæрæдзиуыл сæмбæлыны рæстæджы, сæ иу сфæлдæхтис, фæлæ уыцы рæстæджы уыдонæй цæрæнбонæн тæссаг зиан ничи райста.

Print