Ног хабæрттæ
«Райгуырдтæн Аунеуы хъæуы» - Фыд Давиты (Дурглишвили) интервью
Райгуырдтæн Аунеуы хъæуы. Басыгътой æгас хъæуы. Сабибонты рæстæджы йæ не ‘мбæрстон, æмæ дины кусæг суыдаин. Хуыцауы фæрцы, аргъуанмæ дæр бацыдтæн. Цалынмæ бинонтæ æркодтон, уæдмæ алчермæ стихаросанæй уыдтæн. Уый фæстæ бинонтæ æркодтон, стæй мын, алчер диакъонæй, уый фæстæ та, сауджынæй аргъуыд ратта. Августы хæсты фæстæ мын деканозы къæпхæн лæвæрд æрцыд. Бузныг стыр Хуыцауæн, стыр бузныг. Аунеуы Мады-Майрæмы номыл аргъуаны лæггад кодтон, уæдмæ та, цалдæр азы Земо Никозы Зæрдæвæрæны аргъуаны уыдтæн.

11-æм августы нын æндæр гæнæн нæ уыдис æмæ ныууагътам хъæуы. Хæсты рæстæджы удварнæй лæууыдыстæм цæрджыты фарсмæ. Стæй хæсты фæмардуæвæг адæймæгты ракæнын – амæй æххуыс уыдтæн бæстæйæн… иуæй-иу æппæты фыццаг хæсдзинад уыд алкæмæн дæр махæй. Амæй фæстæмæ, хуыцауы фæрцы, бацыдтæн Аунеумæ æмæ бабæрæг кодтон уым баззайгæ зæрæдты, кæцытæ не ‘сразы сты мемæ рацæуыныл. Уацары дæр бахаудыстæм – цалдæр сахаты уыдыстæм ахæсты - ирæттæ нæ æрцахстой. Сæ иуы фæндыдис мæ боцъойы зынгхосæй сарауын. Куы сæ бауырныдта æмæ æз дины кусæг дæн, уæд мæ ссæрибар кодтой. Дыккаг хатт дæр та, бацыдтæн хъæумæ, Мады-Майрæмы бæрæгбоны рæстæджы. Нæ йæ зыдтон, æмæ Мады-Майрæмы боны иу мах хъæуккагæн уыдис дыууиссæдзæм бон. Раст уыцы бон ныццыдтæн æз дæр. Мады-Майрæмы аргъуан ис уым, æмæ уый тыххæй ныццыдтæн Аунеумæ. Хъæуы мыл дыууæ гуырдзиаг нæлгоймаг сæмбæлд æмæ дыууиссæдзæм боны иумæ сарæзтам. Сæ бинойнæгтæ уым сты æмæ бирæ зындзинæдтæм нæгæсгæйæ, уæддæр нæ ныууагътой хъæу. Абон дæр цæрынц уым. Сæ хъæбултæ та ацырдыгæй сты.



Сыгъд хъæуы фенгæйæ мæ кæуын нал баурæдтон. Тасдзинад мыл фæтых ис, гæнæн ис дисы бахауын дæр. Мæ бæллицц сæххæст кодтон. Мæ хъæуы хæрзад суадонæй банызтон. Æртыккаг хатт куы бацыдыстæм, уырыссæгтæ нæ документтæ æркуырдтой. Кæцон дам, дæ, зæгъгæ, мæ бафарстой. Ардыгон дæн, зæгъын, хæсты агъоммæ ам цардтæн. Хъæуы сыгъд хæдзæрттæн сæ нывтæ систам, сæндонæн дæр.
Аргъуантæ пырх не сты. Сæхæдæг дæр афтæ дзурынц, чырыстон диныл хæст, дам стæм.

Патриархы аргъуыдмæ байхъуыстон, æмæ дам, хæсты рæстæджы иу адæймаг дзуары хуызы схуыссыд зæххыл æмæ афтæмæй фервæзын кодта йæхи. Æз дæр раст афтæ бакодтон æмæ æндæртæн дæр загътон, цæмæй афтæ сарæзтаиккой. Бомбæты бын бахаудтæн, кæмдæр æввахс хæлдысты динамиттæ, хуыцауы фæрцы, не ‘ппæт дæр æнæфыдбылызæй аирвæзтыстæм.

Бомбæты бын фыццаг хатт 5-æм августы бахаудтам. Хъæды фос хызтон. Стæй та, 9-æм августы. Уæд бомбæты бын фæцис æнæхъæнæй Аунеу. Бинонты, мæ ус æмæ мæ хъæбулты 7-æм августы ракодтон хъæуæй. Абон цæрæм котеджты, Верхуыты цæрæнуаты. Мæн уырны æмæ хъæутæм æнæмæнгæй кæй æрбаздæхдзыстæм. Мæ алыварс уæвæг лигъдæттæн ныфсытæ æвæрын, цæмæй кæйдæриддæр фæнды æрбаздæхын, уыдон æнæмæнгæй æрбаздæхдзысты, зæгъын. Цыдæриддæр фесæфтам, уый нæ алкæй аххос дæр у. Хуыцауæн кувгæйæ æмæ раст цардæй махæй алчидæр гæнæн ис æмæ æрывæра фæйнæ агуыри нæ бæстæйы æнæхъæндзинады тыххæй. Хуыцау æй хуыздæр зоны, цæмæй цыдæриддæры аккаг стæм, уый кæй исæм. Бузныг стыр Хуыцауæн, кæй не стæм Хуыцауæй рохгонд. Иуæй-иу хатт æфхæрд дæр пайда у – уымæй уæддæр бамбардзыстæм зонд. Æрмæст нæ удтыл аудын нæу сæйраг. Сæйраг у нæ бæстæйы æнæхъæндзинадыл аудын. Махæн бар нæй æмæ ма уæм Хуыцауæй бузныг, ма хъомыл кæнæм æнæ динæй. Нæ бæстæйы кæддæр аргъуаны иудзинад фервæзын кодта.

Амæлын хи снывонд кæнын нæу. Хæсты фæмард уæвджыты хуыцауæн нывондæн нæ ракой кæндзыстæм. Цъус зын у зæгъынæн, фæлæ æфхæрæгæй æфхæрдæй уæвын хуыздæрыл нымайын. Хуыздæрыл нымайын хуыцауæн уон рæдау æмæ цæрон афтæ, куыддæриддæр абон дæн, цалынмæ нæ адæм уой æндæр адæмы сырд. Стыр хæрзиуæг уыдзæн уый, аккаг куы суыдзыстæм æмæ нæ бæстæйы æнæхъæндзинадæй амондджын куы уæм. Хæрзиуæг ноджы уый мидæг хъуамæ агурæм, цæмæй аккаг суæм удон æмæ физикон царды рæстадæн.


 

Print