Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Цахæм реакци уыд цхинвайлаг блогерæн, Сохты аргъуаны нусхураг фыстытæ куы федта уæд
Цхинвайлаг блогер Карсанты Гурам Цхинвалы, Знауыры æмæ Дзауы районтæм уырыссаг туристтæн фæндагамонæгæй ацæуы. Уый параллелонæй видеотæ сисы æмæ сæ кæсджытæн уынын кæны, цæмæй уыдон дæр ацæуой æмæ феной ацы рæсугъд хæхты æмæ бынæтты.

Иу ахæм видеойы исыны рæстæджы (2018 азы уалдзæджы) Карсанты Гурам Дзауы районы Сохты хъæуы уыдис. Кадрты хорз зыны Сохты иууыл рагондæр аргъуаны æмæ дурæй амад бæрзонд сисы хæлддзæгтæ. Дзуæртты, Сыгъдæг Гиоргийы æвдисæг скульптурæты æмæ æндæр орнаментты фарсмæ, разынд дур нусхураг фыстимæ:

«Ай цыдæр фыст у, нæ?» - бафарста блогер.

Видео Леуахигомы музейы разамонæгæн, Басишвили Паатæйæн фенын кодтам. Йæ ныхасмæ гæсгæ, уый ацы блогеры дæр æмæ видеоты дæр зоны, уымæн æмæ раст ахæм видеойы фенгæйæ йæ дадайы уæлмæрд ссардта Куртайы хъæуы.

«Бацыд мæ дадайы уæлмæрды цурмæ æмæ дзуры, цæмæй Басишвили Самсон ирон сауджын уыди, зæгъгæ. Сырра уыдзæнис лæг», - худгæйæ дзуры Басишвили Паатæ. Амæ æнæгæсгæйæ, нысан кæны, цæмæй блогер амæй стыр зынаргъ хъуыддаг кæй сарæзта: сфиксир кодта абоны уæвæг ситуацийы иууыл рагондæр гуырдзиаг паддзахады цыртыты.

Сохтæм цы хауы, уый тыххæй та, Басишвили Паатæ дзуры, зæгъгæ, иууыл рагондæр аргъуаны æмæ мæсыджы хæлддзæгтæ ныртæккæ афтæ сты, куыддæриддæр уыдысты цалдæр азы размæ.

«Ам йæ рæстæджы уыдысты археологион къорды уæнгтæ. Иу бынатмæ уыд æмбырдгонд нысаниуæгджын æрмæг. Кадртæй дæр зыны, цæмæй уым ситуаци æнæивдæй баззад. Нысаниуæгджын у, кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы фыст дæр, кæцы кадрты разынд. Æз специалонæй сфыстон чиныгæй æмæ уæ базонгæ кæндзынæн ацы фысты мидисимæ: удыхъæды, Гиорги, Чырысти, батæригъæд кæн Иванэ Калатозийы удыхъæдæн» - ацы фыст 10-æм æнусæй датæгонд цæуы» - зæгъы Басишвили Паатæ.

Историк Мегрелидзе Йосебы чиныджы, кæцы Леуахигомы цыртдзæвæнты тыххæй фыста советон периоды рæстæджы, фыст ис, цæмæй Сохты хъæуы сæйрагæйдæр кæй цардысты Остаты мыггаг. Уый Сохты хъæуы уыдис 1954 азы æмæ ныффыста уым бынæттон цæрæг Остаты Игкойы, кæцы уæд уыдис 84-аздзыд.

«Игкойы ныхасмæ гæсгæ, мыггаджы фыдæлон мыггаг уыдис Оситашвили. Уый Тигъвайы хъæуæй æрбацыдис ардæм. Тигъвайы хъæуы нын ныртæккæ дæр ис хæстæджытæ. Нæ фыдæлтæй сæ иу, - Дасден Оситашвили, - Рачъайæ йæхицæн ус раскæфта. Йæ фæдыл рацыдысты фæдисы. Дыккаг бон фæдисонтæ чызгскъæфæджы амардтой æмæ дам æй, йæ бæхимæ иумæ баныгæдтой. Кæй раскъæфта уыцы усæн дам стæй райгуырдис лæппу, кæцыйыл ном сæвæрдтой Бити. Битийы хъæбултæ та уыдысты: Джио, Коко, Гаси, Оста æмæ Карсан. Ардыгæй сты мыггæгтæ: Джиошвили, Кокошвили, Гасишвили, Оситашвили æмæ Карсанашвили. Остайы фыццаг фыдæл уыд Гуджи. Гуджи уыдис фыццаг Оситашвили. Гуджийы хъæбултæ уыдысты: Хиуа, Реуаз, Зало (Заал) æмæ Леуан», - фыссы Мегрелидзе Йосеб.

Æндæр таурæгътæм гæсгæ та, Остаты фыдæлтæ уыдысты Гуфтайы хъæуæй рацæугæ. Хæстæджытæ сын Църуйы хъæуы дæр цардис.

Игко æдзухæй дæр Сохты хъæуы цæры. Сохты аргъуан йæ зæрдыл дары ахæм пырх уавæры, цахæмдæриддæр уавæры ис ныртæккæ. Уымæ æнæгæсгæйæ, æмæ хъæуы аргъуан нал уыд, бæрæгбон уæддæр нысангонд цыдис. Сохты хъæуы, аргъуанæй ныгуылæнырдыгæй, Ахалшены дзуары бон 18-æм июлы нысангонд цыд. Ацы Дзуары алыварс 50-60 гектары дзуары хъæдыл нымад цыд æмæ йæм ничи æвнæлдта. Игкойы ныхасмæ гæсгæ, Ахалшены емынæ (чума) фæзынд æмæ хъæубæстæ фескъуыдысты.

Афтæ ма, ис даргъ лæгæт (тунел), кæцыйæ Сохты мæсыг суадонмæ иу кодта. Ацы даргъ лæгæты фæрцы, лекæгты æрбабырсты рæстæджы, мæсыгмæ дон хастой. Игкойы радзургæ таурæгъмæ гæсгæ, фыст дуртæй, зæгъгæ, сæ иуы бын ис стыр хæзна æмбæхст æмæ зæгъæм, исчи куы ныппырх кæна, уæддæр уым уыййас æхца ис æмæ ног мæсыг самайынæн фаг уыдзæн.

Историк Б. Куптин (19-æм æнусы) фыссы Майрам–дзуар (Майрæмы дзуар) Майрамы хъæуы, кæцы у Чилæхсаты хъæу æмæ йæ рæсугъддзинадæй йæхи бары Сохты дзуармæ.

P.S. видеойы рапарахаты фæстæ социалон хызыл цхинвайлаг блогерæн иу æмбæстаг, йæ мыггаг Остатæй, ахæм комментари ныффыста, зæгъгæ, Тбилиссы паддзахадон университеты ахуыр кæныны рæстæджы, уымæн гуырдзиаг историк ахæм хабар радзырдта: Тамар-паддзах æмæ дам, Давит Сослан сæ чындзæхсæвы фæстæ фыццаг мæйты Сохты хъæуы арвыстой.


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.