Ног хабæрттæ
Джариашены магазинæй къалбас æмæ нозтытæ адавтой
Гуры муниципалитеты Джариашены хъæуы хæлцадон магазины адавтой. Меджврисхеуы территорион органы бæрнон кусæджы ныхасмæ гæсгæ, ацы цау, æвæццæгæн, дысон æхсæвы сахатты æрцыд.

Ватиашвили Тариелы информацимæ гæсгæ, магазин Джариашены хъæуы æмæ Адзвийы хъæуы ‘хсæн ис.

Афтæ ма, территорион органойы специалисты ныхасмæ гæсгæ, кæцы Адзвийы хъæуы цæры, дзуры, зæгъгæ, магазинæй ахастæуыд алкоголон нозтытæ, къалбас æмæ æндæр лыстæг продукттæ.

«Магазины хицау куыд зæгъы, афтæмæй къæрныхтæ хъуамæ уыдаиккой сабитæ. Магазины æхца нæ ныууагътон, цæмæй йæ ахастаиккой. Райсомæй полицæ дæр уыдис ам», - зæгъынц Гуры мерийы бæрнон кусджытæ.

Магазины зæххыл сæкæр пырхæй баййæфтой, уымæн æмæ кæрныхтæ продуктты сæкæры голладжы ахастой.

Фæдагурæн куыст цæуы къæрныхдзинады пунктæй.

Print