Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Чорчанайы тыхстуавæр – нива, кæцыйыл æвгъæддон усы фæцæй кодтой, миты мидæг аныгъуылдис
Хашуры муниципалитеты Чорчанайы хъæумæ абон хицауады минæвæрттæ æрбацыдысты. Стыр митæруадмæ гæсгæ бынæттон цæрджытæн районы центримæ нæй бастдзинад. Хицауады минæвæртты визиты рæстæджы хъæуы бацæуæн фæндагыл трактор куыста.

Шида Картлийы губернатор Ходжеванишвили Гиорги бынæттон цæрджытæн баныфсæвæрдта, цæмæй 2019 азы ног фæндаг Цъагъвлийы онг кæй æрцæудзæн асфалтгонд: «æмæ уый нысаниуæгджынæй фæкъаддæр кæндзæн æвæндагдзинады. Цы хай ма дзы баззайа уым та хуыр ныккалдзыстæм, зæгъгæ. Нуазыны доны системæйæн дæр реабилитаци уагъд æрцæудзæн», - загъта сын Ходжеванишвили Гиорги Чорчанамæ визиты рæстæджы.

Уыимæ иумæ уыдис Фидыды æмæ æмбарады фарстæты паддзахадон министры хæдивæг Абашидзе Руслан дæр. Уый йæ хъусдард аздæхта оккупацион хаххы цур уæвæг уавæрмæ æмæ банысан кодта, цæмæй цæрджытæн сæрибарæй дыууæрдæм цæуыны фадат арæнгонд кæй цæуы.

«Оккупацион режим дарддæр кæны уыцы политикæйы, кæцы цæрджыты сæрибар цыды арæнгонд кæны. Мах ацы фарсты æдзухæй æвæрæм Эргнеты фембæлдты рæстæджы, - фæнысан кодта Абашидзе Руслан.

Шида Картлийы информацион центр репортаж Чорчанайы тыххæй 3 азы размæ бацæттæ кодта. Нырма нын ноджы уæд загътой, цæмæй æвзæрбоныхъæды рæстæджы бацæуæн фæндаг æхгæд кæй æрцæуы. Зæгъæм, нива, кæцы 4 км дæрддзæгыл хъуамæ ацыдаид тагъд æххуысы медицинон бригадæйы машинæмæ, митхæццæ цъыфы ныххаудта. Цъыфæй машинæйы уæрдоны æххуысæй сластой, тагъдæххуысы дохтыртæ та иннæ хъæуы æнхъæлмæ кастысты.

«Дохтыртæ афтæ æнхъæл уыдысты æмæ сылгоймагæн фæндагыл райгуырд сывæллон. Хабары базоныны тыххæй телефонæй дæр сæ бон нæ уыд фæдзурын, бастдзинад нæ уыдис», - ацы хабары тыххæй афтæ зæгъынц чорчайнæгтæ.

Бынæттон цæрджытæ дзурынц, цæмæй фæндæгты сæхгæныны рæстæджы, ацæргæ рынчын адæймæгтæн сæ бон ницы вæййы баххуыс кæнын. Хъæуы æдæппæтæй ис 16 хæдзары.

Раст уый бæрц бинонтæ ныууагътой дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс сæ цæрæнуат. Æвзæрбоныхъæды рæстæджы чорчайнæгты Цъагъвлийы хъæуы онг 4 км хъæуы фистæгæй ацæуын.


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.