Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Æрвыст æрцыд куыд æлдарыфырты чызг – 12 хабар Советон Меджврисхеуæй
Фотоныф: ист у Меджврисхеуы хъæуы, 1903 азы, Эристауты галуаны цур. Бæхыл бадынц: Эристау Мариам, дыккаг бæхыл бады Эристау Давит, бæхыл къахæй лæууы урс цъухъайы мидæг Эристау Димитр.

1922 азы, меджврисхеуаг Эристау Миша (Михеил) йæ бинонтимæ иумæ ныууагъта Гуырдзыстоны æмæ Францмæ афæндараст. Уымæн ацы къахдзæф авæрын кодта, Каралеты æрцæугæ иу æвирхъау мæлæты цау, йæ фырт Эристау Котейы бинонты хсæнæй куы ракодтой хæдзарæй æмæ йæ хъæуы чысыл хиды цур куы фехстой.
– Ме ‘нудæсаздзыд фыртыл мын уæддæр бацауæрдут, - лæгъстæ, дам, сын кодта, лæгмартæн. Хъæуысоветы сæрдармæ фыды лæгъстæ æппындæр нæ бахъардта æмæ тæрхоны скъуыддзаг, уайтагъд æххæстгонд æрцыд. Францы фæцардис йæ царды фæудмæ, фæлæ нæ уыдис ахæм бон, æмæ Гуырдзыстоныл ма хъуыды кодтаид, ма бæбæллыдаит Гуырдзыстоны фенынмæ… æмæ куыддæр ансамбль «Гордела» гастролты æрцыд Парижмæ, зынгæ лотбары, меджврисхеуаг – Михеил (Миша) Мцуравишвилийы бафарста, – «Меджврисхеуы скъолæ, ма, дам, ноджы мæ номыл функционир кæны?»
«Уый тыххæй æмæ систематикон ахаст кæй райста ацы уавæр, цæмæй хъæуы æлдар-азнауртæн æмæ сауджынтæн, кæцытæн ис стыр хæдзæрттæ æмæ зæххытæ, уыцы нысанæй, цæмæй сын ист ма рцæуой, уыдон сæ пырх кæнынц æмæ сæ афтæмæй уæй кæнынц; ай тыххæй уыдонæн бар мауал уæд сæ фехалын æнæ бар райсгæйæ хъæуы хицауадæй. Макæмæн уæд бар ныппырх кæна йæ хæдзары», - ай у 1923 азы фыст æмб. К-йы, кæцы ныффыста райæххæсткоммæ (районы æххæстгæнæг комитетмæ) бæстыхæйтты пырх кæныны тыххæй.

Гуры фысджыты цæдисы уæнг Шакарашвили Важа архивы уникалон документы ссардта, цыран æвдыст цæуы уыцы уавæр, кæцы Гуырдзыстоны æмæ, конкретонæй, Гуры уезды болшевикты æрбацыды фæстæ æрцыдис. Уый рдыгæй раиртасгæ æрмæджытæй бæрæггонд цæуы, цæмæй иуæй-иу стыр æрвыстæн кæй уыд бынат Меджврисхеуы хъæуы темы.

1. Эристау Екатерине (Меджврисхеу), – æрвыст æрцыд, куыд зæронд зæххыты хицау, æлдар, кæцы цъагъары бын дардта æппæт кусæг адæмы æмæ æфхæрдта зæхкусæг адæмы. Йæ хъæбултæ фæлыгъдысты фæсарæнтæм.

2. Сресели Датико Автвндилы фырт (Джариашены хъæу), - куыд æнæфæллойгæнæг, азнаур æмæ зæронд полковник.

3. Тулашвили Коте Леуаны фырт (Меджврисхеу) – куыд азнаур, æнæфæллойгæнæг æмæ æнæ ныфсы адæймаг Советон хицауадæн.

4. Сресели Сандро (Джариашены хъæу), - куыд азнаур æмæ зæхкусæг адæмы тугцъир йæ архайдæй.

5. Мачавариани Шаша (Джариашены хъæу), - куыд азнаур æмæ фыдызнаг æмæ зæххы хицау.

6. Хмаладзе Кола Михеилы фырт (Адзвийы хъæу), - куыд азнаур, зæххы хицау, æнæфæллойгæнæг, зæхкусæг адæмы знаг, провокатор æгасæй йæ ивгъуыдæй æмæ фидæнæй.

7. Чахниашвили Сулико (Адзвийы хъæу), - куыд моурау азнаурты æмæ лаки, æнæфæллойгæнæг.

8. Сресели Бессарион Автандилы фырт (Меджврисхеу), - куыд азнаур, шпион æмæ знаг зæхкусджыты æмæ зæххы хицау.

9. Елиозашвили Маниа Коте (Эристауы) чызг (Меджврисхеу), - куыд æлдары фырты чызг, зæххы хицау æмæ фæллойгæнæг адæмы хъæстæгæнæг.

10. Кобахидзе Закари Димитры фырт (Ахалубани), - æрвыст æрцыд, – куыд рахизон федаралист провокатор æмæ зæхкусджытимæ сусæг агитацийы ауадзæг, кæцы коммунистон партийы уæнкты хуыдта абырджытæ.

11. Кобахидзе Ладо Каихосройы фырт (Ахалубани), - куыд зианхæссæг элемент, шпион. 1919 азы уый нымыгъта гвардиæгтæм акциты хайадисæг адæймæгты æрцахсынæн, кæцыйы банымыгъдæй ахст æрцыд цалдæр адæймаджы.

12. Хъанчавели Робизон Реуазы фырт (Ахрис), - æфхæрæг фæллойгæнæг адæмы, нæ сын дæтта фадат зæхкусджытæн, цæмæй сæ фос аскъæрдаиккой быдырмæ сæрибарæй æмæ уый æнæхъæн хъæуæн скъæфта сæ фосы.

(1923 азы, Гуры бынæттон архив, фонд #3, фыст #2, хъуыддаг #2, сыф 5-10)

«Историйыл йæ цæст ничи бацъынд кæндзæн! Ацы чиныджы æз бацархайдтон цæмæй сног кодтаин Гуры истрион ивгъуыды уыцы риссаг, карз периоды, кæцы адæймæгты мæлæты, скулаггонд-реквизицийы, а.х. «Сау сиелты» фæстæ зилын-къуындæг кæныны, аргъуаны лæггадгæнджыты терор кæныны, аргъуанты халын æмæ сæхгæды тыххæй фыст цæуы». Чиныджы мидунейы уырнынадæй, хъæугæйыл нæ банымадтон, цæмæй уыцы адæймæгты ном рахъæр кодтаин, кæцытæн зоологион монцты тыххæй, æнæзакононæй, аморалон архæйдтытæй адæймæгты цæрæнбон скъуыдтой! Уадз æмæ баззайæд æнусон сусæгдзинадæй уыдоны сау досье историйы, уыдоны бафхæрын нæу мæ нысан, зæххы цъарыл æмæ уæларвы бын сæйраг тæрхонгæнæг, скъуыддзаг рахæссæг æрмæстдæр Стыр Хуыцау у!», - зæгъы Qartli.ge-имæ ныхасы рæстæджы фыссæг Шакарашвили.

Гуры уезды иннæ æлдæрттæ

1. Ратиашвили Габриел – æлдар. Æрвыст æрцыд – куыд æлдар æмæ фæллойгæнæг адæмы знаг.
2. Эристау Леван – æлдар. Куыд æлдар æмæ фæллойгæнæг адæмы фыдызнаг æмæ нæ кусаг.
3. Эристау Ладо – куыд æлдар æмæ æнæфæллойгæнæг.
4. Пурцеладзе Гига – куыд азнаур æмæ æнæ ныфсы адæймаг. Адæмы знаг æмæ нæ кусаг.
5. Сулханашвили Хъараман – куыд æлдар æмæ адæмы фыдызнаг, нæ кусаг.
6. Мачабели Ефемиа – куыд æлдар, стыр зæххыты хицау æмæ адæмы знаг, йæхæдæг - нæ кусаг.
7. Цицишвили Варлам Хъапланы фырт – куыд зианхæссæг элемент адæймæгтæн.
8. Палавандишвили Лука Леуаны фырт – æхсæнадæн цыбыр гоймæгтæ цъаммар ивгъуыдимæ.
9. Палавандишвили Адико Ильяйыфырт - æхсæнадæн цыбыр гоймæгтæ цъаммар ивгъуыдимæ.
10. Палавандишвили Саша Апалойы фырт – ахæм аххосагæй.
11. Палавандишвили Вано Андухъапары фырт - ахæм аххосагæй.
12. Амиреджиби Ростом Василы фырт - ахæм аххосагæй.
13. Амиреджиби Владимер Гиоргийы фырт - ахæм аххосагæй.
14. Амиреджиби Софио Гиоргийы чызг - ахæм аххосагæй.
15. Дидебулидзе Окро Елизбары фырт - ахæм аххосагæй.
16. Амиреджиби Александр Алесандры фырт - ахæм аххосагæй.
17. Давиташвили Соломон Едишеры фырт - ахæм аххосагæй.
18. Чолохъашвили Соломон – уый тыххæй æмæ кæй нæу бынæттон цæрæг æмæ нæ кусы, йæхæдæг эксплуатаци кæны зæххæй.
19. Церетели Гриша - уый тыххæй æмæ кæй нæу бынæттон цæрæг æмæ нæ кусы, йæхæдæг эксплуатаци кæны зæххæй.
20. Джавахишвили Йасон - уый тыххæй æмæ кæй нæу бынæттон цæрæг æмæ нæ кусы, йæхæдæг эксплуатаци кæны зæххæй.
21. Заалишвили Васил - уый тыххæй æмæ кæй нæу бынæттон цæрæг æмæ нæ кусы, йæхæдæг эксплуатаци кæны зæххæй.
22. Орбелиани Мариам - уый тыххæй æмæ кæй нæу бынæттон цæрæг æмæ нæ кусы, йæхæдæг эксплуатаци кæны зæххæй.

Къух фыссынц:

Гуры уезды æххæстгæнæг комитеты сæрдар В.К.
Мидæгон хицауиуæгады хайады гамге С.Ц.
Инструкторон – информацион дæлхайады гамге И.Хъ.

(Гуры бынæттон архив, фонд #3 фыст #2, хъуыддаг #27, сыф 254-261)

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.