Цхинвайлаг журналист Цхурбаты Тимур зæгъы, цæмæй бæрæг рæстæджы
фæстæ, гуырдзиаг æмæ цхинвайлаг æвзонг фæсивæд æмбар уавæрты
æрбаддзысты баныхас кæнынмæ. Ацы ныфс Гуырдзыстоны æмæ Европæйы
‘хсæн уæвæг æмахастытæ дæттынц. Уый ныхасмæ гæсгæ, гуырдзиаг æвзонг
фæсивæд ахуырад исынц Европæйы æмæ æндæр æргъдзинæдтыл ахуыр
кæнынц. Конфликтæй 40 азы фæстæ та, уый фæстаг планмæ уыцы
адæймæгтæ аргъæвдзысты, кæцытæн сæ зæрдыл карз мысинæгтæ лæууы.
Цхурбаты Тимуры уæрæх интервью студия -ре- ныффыста.
45-минутон интервьюйы Хъупарадзе Мамукъа æмæ Цхурбаты Тимур, 90-æм
азты æмæ уый фæстæ уæвæг æмахастыты фæдыл, ныхас кодтой.
90-æм азты афæлгæсты фæстæ, диалог 2008 азы августы хæсты периодыл
адарддæр ис. Уæ размæ уын хæссæм интервьюйы иу хай, цыран фыст ис:
Уæрæсейы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны Республикæйы расидты фæдыл, ауагъд
диалогæй: (стил хъахъхъæд у)
Цхурбаты Тимур: «Мæнæн уый сюрприз уыдис, æмæ Уæрæсе куы расидтис
Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады. Хуссар Ирыстоны Республикæ арæзт
æрцыд ирон куырыхондзинадæй æмæ ирон хъæбатырдзинадæй нæ, фæлæ, уый
арæзт æрцыд гуырдзиаг политикты къорды цыбырдзастдзинадæй. Уæрæсе
расидтис Хуссар Ирыстон æмæ махæн уæлæмхасæй ноджы сæрибарад дæр.
Зæгъæм, мæн нæ фæнды æмæ æрдæлæмæ кæнон ме статус, уымæн æмæ йыл æз
ныридæгæн сахуыр дæн. Æз сахуыр дæн ууыл æмæ мах кæй стæм
Республикæ. Нымайынц нæ, æви нæ, нæ нымайынц, уый сæйраг нæу. Ам
сæйраг у, ды йæ дæхицæн куыд нымайыс. Раджы мæхи Гуырдзыстоны
намысджын æмбæстагыл нымадтон. Ныр та, Хуссар Ирыстоны. Ныртæккæ ме
статус ноджыдæр сбæрзонд ис. Æвзонг фæсивæды фылдæр хайæ, алчидæр
йæхи афтæ нымайы».
Хъупарадзе Мамукъа – чизоны æмæ ай хъазт у уыцы тыхджын паддзахадæй
статусы раттын, кæцы реалонæй, сымах дæр тынг хорз зонут, æмæ кæй
нæу арæзт кæронмæ.
Цхурбаты Тимур: «Статус кæйдæр ‘рдыгæй нымадгонд у, кæйдæр ‘рдыгæй
та нæу, фæлæ уын æз куы зæгъын, сæйраг уый нæу, нымайынц нæ æви нæ.
Уый нымад у ирæттæн сæ фылдæр хайы удты мидæг. Афтæмæй нын фæзындис
ныфс, цæмæй мах кæй стæм бæстæ, кæцы нал уæвыдис 600 азмæ ‘ввахс.
Мах ферох кодтам, æмæ кæддæр кæй уыдыстæм бæстæ æмæ нын, раст, ацы
ныфс радтой ногæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, ай хъазт дæр у. Æз уый тынг
хорз æмбарын. Фæлæ ацы хъазты мидæг махæн ис люфт. Æмæ ацы люфты
фæлгæтты махæн нæ бон у серьезонæй фæхуыздæр кæнæм нæ эконмикæйы
уавæры. Сбæлвырд кæнæм æгас дунейæн, фыццаджыдæр та, Гуырдзыстонæн,
цæмæй махæн нæ бон кæй у Республикæйы саразын. Æз мæхи цæстæй
уынын, æмæ Гуырдзыстоны кæй рæзы уый æмбарынад. Гуырдзыстон цæуы
размæ, тынг кæны (рæзы) æмæ иуæй-иу стереотипæй хъуамæ ссæрибар
уат. Æмæ, æвæццæгæн, 15-20 азы фæстæ… цæй æмæ афтæ зæгъдзынæн, æз
нæдæр ахæм хорз чырыстон дæн, фæлæ æнæ гæсгæйæ уымæ, баззад ма нын
29 азы уыцы моменты онг, цалынмæ нын алцыдæр æрбæстон уыдзæнис.
Цæмæн 29 азы? Уымæн æмæ 11 азы аивгъуыдта нæ хæдбардзинады
расидынæй æмæ ныр хъæугæ у ирæттæ æмæ гуырдзиæгтæ ферох кæной уыцы
ивгъуыды мысинæгты. Мойсей-пехуымпар 40 азы мидæг адæмы фæкодта
æдзæрæгранмæ æмæ æрмæст уый фæстæ адæймæгтæ сразы сты æмбарады
уавæртыл».
Хъупарадзе Мамукъа – æнхъæлмæ кæсинаг у алцыдæр, æндæр æмæ æндæр
рæзынад гæнæн ис политиконæй дæр, æз ууыл теоретиконæй разы дæн,
фæлæ Гуырдзыстоны позицимæ гæсгæ æцæг зын у бауырна мæ, æмæ искуы
гуырдзиаг æхсæнад ауыл сразы уыдзæн, цæмæй Гуырдзыстоны центры
æндæр паддзахад уа. Фæлæ, цæй, ныртæккæ ауыл ма быцæу кæнæм,
æрмæст, мæ фæнды иу цыдæр фидарæй зæгъон, цæмæй Хуссар Ирыстоны
цæрæг ирæттæ хæдбардзинадыл уæды онг никуы ахъуыды кодтой, цалынмæ
конфликт не скарзис.
Цхурбаты Тимур: - «О, раст у, мæнæн мæ бон у æрмæст мæхи тыххæй
зæгъон, æмæ уый æцæгæйдæр афтæ уыди».
Хъупарадзе Мамукъа: - «Кæнæ йæ зæгъæм афтæ, мæнæ ацы хæст, конфликт
æмæ кæрæдзимæ ныхмæдзинад ирæттæм сæвзæрын кодта уыцы идейæ, цæмæй
уыдонæн æнцондæр уыдзæнис æнæ гуырдзиæгтæй цæрын, кæнæ æндæр
бæстæйы, кæнæ хæдбарæй. Афтæ у нæ? Æз æй афтæ æмбарын».
Цхурбаты Тимур: - «Афтæ у, нæ хиæмбарынад сырæзтис ныхмæдзинæдтыл.
Къуыммæ нæ батардтой. Махæн алидзæн никуыдæм уыдис. Уæрæсе мах
йæхимæ нæ иста. Гуырдзыстон тырныдта æрбакъуындæг нæ кодтаид æмæ
махæн æндæр амал нæ уыдис. Фактивонæй, ай уыдис махæн тыхархайдæй
архайын. Фæлæ ныр уый бæрæггонд у æмæ ныртæккæ Хуссар Ирыстоны
дыууæ змæлд ис. Иу хай дзы тырны фæкъаддæр кæна Хуссар Ирыстоны
статусы æмæ йæ Уæрæсеимæ сиу кæна, кæцыйы æз нымайын фæстæмæ
къахдзæфыл æмæ мæнæн уый категорионæй нæу райсинаг, фæлæ ай уæддæр
афтæ куы рауайа, уæд Уæрæсейы ныхмæ æз нал тох кæндзынæн, æмæ мæ нæ
дæр уырны æмæ исчи тох кæна. Фæлæ Уæрæсейæн йæхи дæр нæ хъæуы æмæ
æмæ мах йæ хай суæм. Æмæ уый тыххæй, мæнæн уæддæр мæ ныфс нæ сæтты,
æмæ мæ ноджы фылдæр Гуырдзыстоны ныфс ис мæн; уый, æмæ Европæ
гуырдзиæгтæн куы ратта визæлиберализаци, уый æз нымайын Хуссар
Ирыстоны позитивон факторыл. Гуырдзиаг æвзонг фæсивæд хорз ахуырад
исынц Европæйы æмæ Европæйы абсолютонæй хицæнхуыз æмбарынæдтæ æмæ
принциптæ ис. Æмæ æз сымах хорз æмбарын æмæ уый дæр æмбарын куыд
зын у фенай æндæр републикæ Гуырдзыстоны сконды…»
Хъупарадзе Мамукъа – Гуырдзыстоны тæккæ астæу.
Цхурбаты Тимур: - «О, тæккæ астæуы, Гуырдзыстоны тæккæ астæу, æз
дæр сымахау афтæ зæгъын, фæлæ ай сымахæн у афтæ, æмæ уый тыххæй æз
зæгъын, æнæмæнгхъæугæ у, ноджы 29 азы рацæуа, мах уæд уыдзыстæм
дадатæ æмæ нæ ничиуал бафæрсдзæнис. Мæн ныфс ис æмæ нæ хъæбултæ
æмбар уавæрты кæй баныхас кæндзысты».