Ног хабæрттæ
86-аздзыд Магъалдадзе Нино Кемерты хъæуæй
Магъалдадзе Нино 2008 азы Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæсты фæстиуæгæн Леуахигомæй æнæцæстырухс (куырм) ацæргæ лигъдон у. 86-аздзыд Нино-бебойæн абон дæр йæ цæстытыл уайы Кемерты хъæуы рæсугъд бынæттæ, йæхи къухæй сагъд æхсæры дыргъдон.

Уæдæй фæстæмæ, йæ хæдзары йын тыхæй куы ныууадзын кодтой æмæ куы рацыдис хъæуæй, нырма Гуры комбинаты музыкалон скъолæйы бæстыхайы цардис. Уый фæстæ та, йе ‘нæниздзинад кæй фæцудыдта, уымæ гæсгæ йæ йе ‘фсымæры хъæбул Магъалдадзе Венерæ Цъминда цъхъалийы цæрæнуатмæ йæхи котеджмæ ракодта æмæ йæм зилы.

Магъалдадзе Нино Цхинвалы районы Кемерты хъæуы скъолæйы райдиан кълæсты ахуыргæнæгæй куыста.

«Уынг марзтон, сыгъдæг æй кодтон. Сыхаг æрбацыдис æмæ мын афтæ зæгъы: - цы дам, аразыс, еныр дам дæ уынг мæрзыны мæт ис? Хæст дам йæ тæмæны куы ис. Бомбæтæ, дам, ныл уырыссæгтæ куы калынц. Æз дæр алцыппæт ныууагътон æмæ рацыдтæн нæ сæрмæ згъæлдысты уырысæгты бомбæтæ, - мысы Кемерты куы ныууагъта уыцы боны. Уый йе ‘нкъарæнтæ равдисыныл бацархайдта гæххæтты сыфыл æмæ стæй сыф Qartli.ge-мæ ратта».

«Лигъдæттæн бон райдайы сæ райгуырæн бынæты фенынмæ бæлгæйæ æмæ сыл изæр дæр бавæййы уыдонмæ бæлгæйæ. Йæ райгуырæн хæдзармæ æрбаздæхын алы лигъдоны бæллиц у. Цы мын æй ферох кæнын кæндзæн уыцы боны, Кемерты хъæуæй куы рацыдыстæм æмæ нæ уæлейæ Уæрæсейы бомбæзгъалджытæ куыд рафæндараст кодтой».

«Ралыгъдыстæм» æнхъæл уыдыстæм тагъд фæстæмæ æрбаздæхдзыстæм, фæлæ афтæ нæ рауадис. Æндæр бирæ цаутимæ иумæ æнæферохгæнгæ у августы цауты карз фæстиуджытæ.

Зианджынтæ сæ мæрдтыл фæкуыдтаиккой уый фæрæз дæр сын нæ уыдис. Стыр æмæ Чысыл «Леуахигомы» цæрæг адæм ныууагътам нæ уæзæг. Нæ фыдæбоны æмæ нæ фæллойы фесæфтам.

Уырыссаг хæдтæхæгтæ зæххимæ сæмвæз кодтой нæ историон гуырдзиаг хъæуты. Сæрмагонд хæдзæрттæй ралидзгæ адæм иумæ бавзæрстам мæлæт æмæ цæрæнбоны фæндаг.

Тынг зын у ныууадзай уыцы бынат, цыран бирæ мысинæгтимæ баст дæ, цыран райгуырдтæ, дæ сабибонтæ арвыстай, цыран банкъардтай алы хорздзинад дæр.

Фæнды мæ бирæ ныффыссон Самачаблойы тыххæй, нæ комбæстæйыл, фæлæ зæрдæйæ рацæугæ хъуыдытæ, цæстытæй рахъаргæ цæссыгтæ, нал уромынц уыцы æнкъарæнты равдисынæн.

Азтæ цæуынц, бонтæ ивгъуыйынц, ноджы тынгдæр мысын мæ хъæуы, кувæндæтты, нæ фыдæлтæн сæ ном арын куы хъæуы. Фыны уынын мæ уæзæгы, мæ хæдзары, мæхи къухæй сагъд æхсæры дыргъдоны.

Æз мæхæдæг иунæгæй амондджынæй цардтæн. Хорз хиуæтты, хорз сыхæгты, ме мкусджыты, мæ хъомылгæнинæгты хъусдардæй æмæ уыдоны æххуысæй цух ницæмæй æййæфтон.

Нытæккæ пенсиисæг дæн, азтæ дæр мыл фæтых сты. мæ комбæстæйы фесæфт мæ æнцонæй басаста.

Мысын уæ алкæй дæр: чи дард цæры, фæлæ зæрдæйæ иумæ стæм, мæ зæрдæ уын зæгъы уæ бæллиццаг бон тагъд æрлæууæд. Рæстдзинад алыхатт дæр басæтты фыдæхдзинады.

Зæндджын адæмы ныхас у, тыхстдзинады рæстæджы базонгæ адæймаг алыхатт дæр фæразон у. Лигъдæттæ иуылдæр кæрæдзийæн хæлæрттæ стæм. Абоны уавæры уæвæг адæймаг дæм æххуысы къух куы æрбадара, уæд уыцы хорздзинад хуыцауы æххуысы æмаргъ у, уый тыххæй мæ фæнды зæгъон: ахæм хæлардзинад кæй фæнды, ахæм адæймæгтæ нæ фарсмæ дæр бирæ ис.

Дисеуы хъæуæй лигъдон
Дарбуашвили Роза, мидицинæйы кусæг у, йæ куыстыл иузæрдыг, ахуыргонд. Кусы йæхи дæсниадыл. Куыстæй куы æрбаздæхы Розæ, уæд махмæ сыхæгтæм дæр йæ хъус зæрдиагæй фæдары. Куы фæтыхсæм, уæд йæ бон цас вæййы уымæй нын хостæй дæр баххуыс кæны. Хуыцау ын æххуысгæнæг уæд йæхи царды мидæг дæр æмæ æхсæнадон хъуыддаджы дæр.

Чысыл æмæ Стыр «Леуахийы комбæстæгтæ» хуыцау нын æххуысгæнæг æмæ ныфсдæттæг уæд. Мах æнæмæнгæй æрбаздæхдзыстæм, æнæмæнгæй æрбаздæхдзыстæм – уырдæм, цыран хох дæр ис, быдыр дæр æмæ горæт дæр.

«Комбæстæ у – митджын, къæвдаджын, дыргъджын, æхсæрджын, сæндонджын, цъаладжын æмæ раст ахæм у нæ уарзон бынат», - фыссы Магъалдадзе Нино, педагог.

Print