Ног хабæрттæ
Æвзонг фæсивæд этникон ирæттæй цæрæг хъæуы
Хъæуы центры иу спортивон-фæзуат ис. Уырдæм æввахс иу дыууæуатон бæстыхай лæууы. Иу уаты дзы чиныгдон ис, иннæ уаты та – скъолæ. Ныртæккæ уыдонæй иу дæр нæ функционир кæны.
Фæзуатмæ цъус рæстæджы фæстæ цалдæр хъомылгæнинаг æрбацыдис. Пурти сæм нæ уыдис, загътой нын, се мбалмæ ис пурти æмæ йæ тагъд кæй æрбахæсдзæнис. Фæзуатыл та дуртæ калд ис. Æниу, æндæр проблемæтæ дæр разынд фæзуаты – йе мбонд хæлы.

Цæджындзтæ, кæцытыл æмбонд арæзт ис, бынмæ æрхауд. Ай ног спортивон-фæзуат у, кæцы 2016 азы хъæуты фарсхæцыны программæйы фæлгæтты арæзт æрцыд.

Цалынмæ фæзуатыл хъазын райдыдтаиккой, уæдмæ уал скъолæйы раздæры агъуыст бабæрæг кодтам – «Ирон Хвити» - фыст ис къулдуарыл. Ам сæйрагæйдæр ирæттæ цæрынц

Пуртимæ æнхъæмæ кæсгæйæ бандоныл æрбадæг хъомылгæнинæгты бафарстон: - «Иронау уæ чи зоны?»

- «Алчидæр нæ сыгъдæг зоны» - райстон дзуапп.

- «О, фæлæ, куыд? Скъолæйы уæ куы нæ ахуыр кæнынц?» - бафарстон сæ.

- «Хæдзары иронау дзурæм. Ацы лæппу, зæгъæм, тынг хорз нæ зоны, уымæн æмæ, йæ нана гуырдзиаг у æмæ уыйас нæ ныхас кæнынц иронау», - дзуапп мын раттой.

«Хорз, æз дæн журналист…» - афтæ базонгæ дæн семæ иронау æмæ мын уыдон дæр дзуапп раттой, зæгъгæ, хъуыдыйад раст кæй загътон. Сæ иуæн куы загътон, зæгъын, иронау интервью ныффыссон, уайтагъд сразы ис.

Ахызтыстæм дыккаг сæйраг фарстмæ – хъæуы спортивон-фæзуаты тыххæй.



Бынæттон муниципалитеты бæрæггæнæнмæ гæсгæ, проектмæ хаудта территорийы ссыгъдæг кæнын, фæзуаты сраст кæнын æмæ сæмбонд кæнын. Хъомылгæнинæгтæ зæгъынц, цæмæй куыстытæ уагъд æрцыдысты зымæджы периоды.

«Зæгъæн ис, æмæ нын раздæр ноджы хуыздæр спортивон-фæзуат кæй уыд», - зæгъы Кундухашвили Гиорги. Уый ныхасмæ гæсгæ, æвзонг фæсивæдæн, хъæуы, иунæг-иу ирхæфсæн бынат раст, ацы спортивон-фæзуат у:

«Дуртæ иуылдæр ныууагътой фæзуатыл. Сæ фылдæр сын нæхæдæг ахастам æмæ сæ акалдтам. Фæлæ дзы уæддæр бирæ дур баззад. Ацы дурæйдзаг фæзуатыл хъазæм. Раздæр æнæмбонд уыдис, фæлæ кæрдæгджын уыд. Ныр нал дæр уыцы æмбонд бæззы, кæцыйы сарæзтой», - зæгъы Кундухашвили Гиорги.



Халишвили Кахайы ныхасмæ гæсгæ, хъæуы ‘взонг фæсивæд, скъолæйы фæуды фæстæ, сæйрагæйдæр хъæуы баззайы. «Фадат кæмæн ис уыдон ацæуынц сæ ахуыр адарддæр кæнынмæ, фæлæ уæддæр фылдæрæй хъæуы зайæм. Æз, зæгъæм, скъолæ каст куы фæдæн, ацыдтæн æфсадмæ æмæ стæй фæстæмæ æрбаздæхтæн хъæумæ. Ам Къаспы куыстытæ нæй, Тбилисы кæд исты куыст ссарай, уæддæр цы райсай уый фæндаггагæн бахардз вæййы», - зæгъы Халишвили Каха.




Хвиты хъæу Ламисхъаны территорион теммæ хауы. Хъæумæ фæндаг быдырыл цæуы. Къæвдаджын боны тынг сцъыф вæййы. Скъоладзаутæ мысынц, цæмæй хъæпæны рæстæджы, микроавтобус бирæхатт æрлæууын байдайы йæ развæндаг нал фæуыны.
«Зымæджы, митуарды рæстæджы, бирæ хæттыты баххуыс кодтам, машинæйы хъæпæнæй сласынæн. Куы нæ бафæразæм сласын хъæпæнæй, уæд та фистæгæй ацæуæм скъолæмæ. Хъæуæй 37 ахуырдзауы цæуæм Ламисхъаны скъолæмæ. Микроавтобус нæ фæласы скъолæмæ», - зæгъы Хубашвили Васо.

Къаспы муниципалитеты Хвиты хъæу дихгæнæг хаххмæ ввахс у æмæ дзы этникон ирæттæ цæры.


Print