Ног хабæрттæ
Цхинвалы литературон æмæ культурон царды историйы тыххæй чиныг мыхуыры рауагътой
Гуры университеты ректор Мгъебришвили Александре йæ радон монографи – «Цхинвалы литературон æмæ культурон царды истори» мыхуыры рауагъта. Ай фæдыл Qartli.ge-йæн университеты администрацийæ фехъусын кодтой.

Профессор Мгъебришвили Александрейы зонадон куысты фыст цæуы Цхинвалы регионы литературон æмæ культурон цард XIX æнусы кæронæй XX æнусы нымадæй.

«Фыццаг планыл сты Цхинвалы æмæ уырдæм æввахс уæвæг гуырдзиаг-ирон æмæ гуырдзиаг-дзуттаг(уираг) литературон – культурон æмахастыты нысаниуæгджын деталтæ. Стыр хъусдард здæхт æрцыд ивгъуыд æнусы Цхинвалы уæвæг зонадон, ахуырадон, журналистикон æмæ театралон царды ахсджиаг моменттыл, культурон æмахастыты уыцы арф традициты нюанстыл, кæцытæ абон æхсæнады хъусдардæй иуварс аззадысты», - нысангонд цæуы монографийы разныхасы.

700-фарсон мнографийы алы сæргонды кæроны дæр ис фотоæрмæг æфтыд. Зонадон куысты ис спайдагонд литературæ æмæ фиппаинæгты дæргъвæтин номхыгъд, резюме англисаг æвзагыл, гоймæгты æмæ географион нæмтты агуырдтытæ.

Print