Ног хабæрттæ
Татунашвили Арчилы номарæны цытæн сагъд кипарисы талатæ Хурвалеты хъæуы (Фото)
Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс Хурвалеты хъæуы Татунашвили Арчилы номыл алей арæзт æрцыд. Ай æвдисæг фотонывтæ ацæргæты балæууæндоны (хæдзары) директор Салиа Люда парахат кæны.

Салиа Людайы ныхасмæ гæсгæ, бынæттон цæрджыты иу хай сындзтелгæрæны цур æртæ кипарисы талайы ныссагътой. Абон Татунашвили Арчилы гуырæн бон у æмæ йыл хъуамæ абон сæххæст уыдаид 36 азы.

Уымæй дарддæр ма, Хурвалеты хъæуы Татунашвили Арчилы гуырæн боны цытæн хъуамæ уагъд æрцыдаид концерт, фæлæ ацы мадзалы аргъæвтой æбæрæг рæстæгмæ.

«Плангонд нын уыдис Евгенидзе Давиты концерт, афтæ ма, аргъуаны кæрты хъуамæ ныссагътаиккам æнусонцъæх кипарисы талатæ æмæ ноджы хъуамæ сарæзтаиккам Татунашвили Арчилы номыл алей, фæлæ хъæумæ бынæттон цæрджыты йеддæмæ, никæй уадзынц, æмæ махæн ацы архайды паддзахадон уагдæттæ провокацийыл банымадтаиккой. Æмæ уый тыххæй райстам ахæм уынаффæ, цæмæй хъайтары гуырæн боны цытæн ауадзинаг мадзæлттæ фæстæдæр саразæм», - хъусын кæны Салиа Люда.

Гуры муниципалитеты Хурвалеты хъæумæ 15-æм мартъийы фæстæ æмбæстæгты нал уадзынц, уыдон æхсæн, дзыллон информацийы журналистты дæр. Ацы боны «Тых иудзинады ис»-йы уæнгтæ сабырадон акцийы ауадзын план кодтой оккупацион тыхты минæвæртты ныхмæ.

Print