Ног хабæрттæ
Ваке-Пантианы фæндагыл асфальт скæндзысты
Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæуты – Вакейы æмæ Пантианы фæндæгтæ сасфальт кæндзысты. Ай тыххæй Къаспы муниципалитеты бюджеты 3,5 милуан ларийы хицæнгонд æрцыд.

Ацы суммæйы иу хай 2019 азы – 1 100 000 лари бахардз уыдзæн. Иннæ хай та, 2020 азы - 2 413 317 ларийы бахардз уыдзæн.

Ацы дыууæ хъæу Квемо Чъалайы цур сты. Фæндаг асфальт кæнын райдайдзысты, раст, ацы хъæуæй – Амилахварты галуанæй.



Qartli.ge цалдæр хатты ацы хъæуы тыххæй репортаж дæр сцæттæ кодта.

Print