Ног хабæрттæ
Ахалубани-Меджврисхеуы иугæнæг фæндаджы реабилитаци райдыдта
Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæуты: Ахалубанийы æмæ Меджврисхеуы иугæнæг фæндаджы реабилитацион куыстытæ райдыдтой.

Ай фæдыл информацийы хъæуы бæрнон минæвар Буджиашвили Лексо парахат кæны.

Уый ныхасмæ гæсгæ, фæндаджы арæзтадон компанийы минæвæрттæ хъæумæ ныридæгæн æрбацыдысты. Аукционы æнæауадзгæйæ тендеры уæлахиздзауыл нымад æрцыд компани «Фæндаджы арæзтадон №1-аг компани»-йы бадæтгæ хъуыдыйад.

Дыууæ хъæуы ‘хсæны дæрддзæг у 2,4 км. План-графикмæ гæсгæ, куыстытæ 7 мæйы мидæг хъуамæ фæуой æмæ бахардз уыдзæн 1,08 милуан ларийы бæрц.


Print