Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Шмагийы хабар
1990 азы 6-æм январы «Сыгъдæг Ильяйы рæстады æхсæнады» уæнгтæн «хъусын кæнынц», цæмæй Гуры районы Гъварийы хъæуы, этникон ирон цæрджытæ хæцæнгæрзтæ тымбыл кæнынц, зæгъгæ. Ацы хъæу Цъедисы æмæ Олозы фарсæрдыгæй ис, цæугæдон Атревайы комы. Атрева цæугæдон Танайы галиу фарсæрдыгæй Атъенимæ иу кæны.

Раст цæугæдон Атревайы былыл 25-аздзыд Самниашвили Шмагийы цуаноны топпæй фехстой. Цалдæр боны фæстæ, уырыссаг номыртимæ «09-ы», Бербукы хъæуы цур Коставайы æхсæнады уæнг – Хорава Гелайы мардæй ссардтой, уымæн йæ дзыппы уыдис фыстæг, цыран фыст уыдис, зæгъгæ, уый Самниашвили Шмагийы кæй амардта, уый тыххæй йæхи дæр амардта. Шмагийы хæлар Адуашвили Заза та дзуры, цæмæй реалон марæг кæй уыдис гуырдзиаг. Уый информацимæ гæсгæ, ма ноджы иу зæрдæхсайгæ адæймаг уыдис, кæцы лæгмарды фактыл нæ басаст.

Адуашвили Заза (Шмагийы хæлар
) – «Шмаги райста оперативон информаци, кæцы рæдыд разынд æмæ йæ Гъваребмæ акодтой».

«Шмаги райста оперативон информаци, цæмæй этниконæй ирæтты къорд цыдæр бæрæг хæцæнгæрзты кæй æмбæхста Гъваребы хъæуы æмæ ацы информацийы бындурыл ацыдис уырдæм Шмаги æмæ ноджы 4-5 лæг. Уымæн рæдыд информаци фехъусын кодтой. Уырны мæ, æмæ йæ кæй амардтой. Цуаноны топпæй йæ фехстой, кæцы йæ уæхсчы бын ахызт æмæ артерийы базиан кодта æмæ бынаты дзыхъмард фæци. Акъæртт æй кодтой, æз дæр уым уыдтæн. Дыккаг бон, кæмдæр Бербукмæ ‘ввахс, абон магистрал кæм ис уым, уырыссаг машинæйы «09-ы» ссардтой мард адæймаг, кæцыйы дзыппæй, дам ын, фыстæг систой, цыран фыст уыд, ома дам, Шмагийы кæй амардта, уый тыххæй, йæхи дæр амардта. Уый уыдис чидæр Хорава. Кæцы, кæй зæгъын æй хъæуы, мах нæ уырны. Уыдис ма ноджы иу гуырысхойаг адæймаг, фæлæ уый бæлвырдæй дзырдта, æмæ йæ уый кæй нæ амардта. Йемæ чи уыдис уыдонæй ничи ницы дзырдта, æцæгæй цы æрцыдис. Ай этно-конфликты фæлгæтты дæр сæвæрдтой, фæлæ уый дæр мæнгдзинад у. Ацы хабары реалон фæдæвзарæн куыст уагъд не ‘рцыд», - зæгъы Адуашвили Заза.

Самниашвили Шмаги – сабибонты

Национ хъайтар Самниашвили Шмаги райгуырдис 1963 азы 13-æм январы. 1990 азы 6-æм январы та, Гъваребы хъæуы æбæрæг уавæрты амардис. Самниашвили Шмаги, Гуры Эристау Гиоргийы номыл тетры артистæй куыста, уымæй дарддæр ма ноджы уыд, национ змæлды лидертæй сæ иу æмæ «Сыгъдæг Илья рæстады æхсæнады» уæнг дæр. Раст уыимæ цæдис кæны Гуры национ змæлды активондзинад.

Йæ сабион æмгар Чъанкотадзе Мераб зæгъы, цæмæй уый тынг æнахуыр æмæ индивидуалон адæймаг уыдис æмæ уый бынтон æндæрхуызон патриотизм æнкъардта, зæгъгæ.

«Уымæн тынг бирæ хæлæрттæ уыд фæлæ алыхатт дæр уыдис иунæг», - зæгъы Чъанкотадзе Мераб.

Йæ хæлæрттæ уымæн йæ трагикон саби бонтыл ныхас кæнынц.

«Уый йæхи цæстæй федта, йæ мады йын арт куыд аныхъуырдта. Уыцы рæстæджы уый хæрз чысыл уыд, фæлæ ацы хабар уымæн тынг трагикон темæ уыд. Ацы темæйыл уый никуы ныхас кодта», - дзуры Чъанкотадзе Мераб.

Раст ацы факты фæстæ, уый йæ дадайы æфсымæры хъæбултæ Като æмæ Нина Самниашвилитæ йæ райгуырæн хъæуæй Къаспæй уый Гурмæ ракодтой сæхимæ æмæ йæ схъомыл кодтой. Скъолæ дæр Гуры каст фæци.

Шмаги фыццаг йæ мады мыггаг хаста æмæ Китриашвили уыдис. Скъолæ дæр каст фæци Китриашвилийы маггагыл. Институты ахуыр кæныны рæстæджы уый сси Самниашвили.

«Като æмæ йæ Нина куы хъомыл кодтой, уæд ын йæ мыггаг дæр фæивтой. Йæ фыды кой никуы кодта. Йæ фыды йын фыццаг хатт йæ иуыл æввахсдæр хæлæрттæ Шмагийы æвæрæн боны федтой. Удæгасæй Шмагийæн йæ фыдимæ контакт нæ уыдис», - зæгъынц йе ‘мгæрттæ.

Самниашвили Шмагийы фыццаг баныгæдтой ныртæккæйы 9 апрелы уынгыл, уый фæстæ йæ 2004 азы, Гуры сакребулойы инициативæй, Квернакыл, Самебайы аргъуаны цур баныгæдтой. Уый фыццаг уыд, уым кæй баныгæдтой уыдоны ‘хсæн.

Уынг, цыран цардис, Шмагийы уынг схуыдтой, фæлæ 2008 азы фæстæ ацы уынджы ном фæивтой æмæ абон хуыйны Самебайы уынг. Гуры Самниашвилийы номыл уынг нал ис.

Уымæн йæ хæлæртты уырны, цæмæй Шмагийы амардтой æмæ мард кæй æрцыд гуырдзиæгты къухæй. «Шмагийы уæвынад хъыг дардта бынæттон хицауады», - зæгъы Чъанкветадзе Мераб.

(Фотоныв – Гуры архив) Гур, тетры сквер (фæзуат) – 9 апрелы хайадисджытæ, 1989 аз.

Чъанкотадзе Мераб мысы фæстаг фрагменты, цыран уый æмæ Шмаги иумæ хъазынц Елиозишвили Мерабы спектаклы «Белика»-йы, ам Шмагийы персонаж Лале уыд, кæцыйæн йæ сæр уыд ауындзæны тыст æмæ лæгмар, Чъанкотадзе Мерабы персонажы фæрсы – цавæр хуыз у сæрибардзинад. Лæгмар дзуапп дæтты, цæмæй сæрибардзинад кæй у зæринхуыз, бур сыгъзæрин æмæ тымбыл. Уый фæстæ лæгмар дæр ахæм фарст дæтты Шмагийы персонажмæ æмæ йын уый дзуапп кæны, цæмæй сæрибардзинад тугхуыз кæй у.

Хæдзар, цыран Шмаги йæ мадыхотимæ иумæ цардис, уый ныртæккæ Рчеулишвилиты у æмæ йæм фыццаг хуызæй æппындæр ницыуал ис. Рчеулишвили Нанулийы ныхасмæ гæсгæ, Самниашвилиты Като æмæ Нина уыдысты уымæн йæ мойы фыды хотæ æмæ Шмагийы мæлæты фæстæ уыдон сæ хъус дардтой зæронд хотæм, Катомæ æмæ Нинамæ. Сæ амæлæты фæстæ та хæдзар Рчеулишвилитæн баззад.

Хæдзар, цыран Самниашвили Шмаги цардис Гуры – ныртæккæйы Шмагийы уынг

Чъанкотадзе ма ноджы мысы, æмæ Шмаги кæй уарзта тынг 13 цифрæ. Афтæ нымадта, цæмæй 13 кæй уыд амондджын цифрæ. Райгуырдис 13 январы æмæ йæ хъысмæты иронийæ 13 январы баныгæдтой.

Национ змæлды фыццаг азты мидæг сæрмагонд уæнгты амарыны фактты эмиграцийы уæвæг Топадзе Марлен цæдис кæны финансон махинацитæм, кæцыйæн бынат уыдис Коставайы номыл фонды хардз кæныны рæстæджы. Ацы фондæн къухдариуæг кодта Адамиа Важа.

«1989 азы Гуырдзыстоны бынат уыдис стихийæн. Шервашидзе Важа Костава Мерабæн 1989 азы бахæс кодта ахæм идейæ, цæмæй сарæзтаид Гуырдзыстоны цæрджытæн æххуысгæнæн фонд, кæцы зианбаййафæг цæрджыттæн баххуыс кодтаид уыцы территоритыл æрцæрынæн, цыран этниконæй цæрæг гуырдзиæгтæ уыд къаддæр. Шервашидзейы идейæмæ гæсгæ, æрцæрыны цауы, бынат цæрæгæн хъуамæ лæвæрд æрцыдаид ахæм баримæ, цæмæй йæ ауæй кæнын сфæнды рæстæджы, уый хъуамæ фæстæмæ балхæдтаид фонд. Ацы цауы, территоритæ задысты фондæн. Костава Мерабæн ахæм идейæ фæцыд йæ зæрдæмæ æмæ фæсарæнты цæрæг гуырдзиаг æмæ абхазаг гоймæгтимæ 1989 азы 1-аг сентябры Шервашидзе Важаимæ, Адамиа Важаимæ æмæ уæдыккон министрты советы сæрдаримæ Чъитанава Нодаримæ иумæ фонд арæзт æрцыд. Политикон органы æмбырдуадзæг сæрдарæй æвзæрст æрцыд Адамиа Важа, гамгеобайы юридион гоймаджы сæрдарæй та – Шарвашидзе Иуане сæвзæрстой. Банысангонд фонд финансгонд цыд, куыд паддзахадон хицауадæй, афтæ хицæн адæймæгтæй дæр. Чъитанава Нодар уыдис уыцы фыццаг адæймаг, кæцы 10 милуан сом ратта фонды хыгъдмæ. Мæнмæ та цы хауы, уымæй, æз, мæхæдæг милуан дыууæ сæдæ сомы бахардз кодтон ацы хъуыддаджы. 1989 азы 13 октябры, Костава Мерабы мæлæты фæстæ нысангонд фондæн Костава Мерабы ном лæвæрд æрцыд. Коставайы мæлæты фæстæ ацы фондæй райдыдтой хæцæнгæрзты æлхæнын æмæ чидæриддæр ацы процессы ныхмæ цыд, уыдоны иуылдæр, аиварс кодтой», - фыссы Топадзе Марлен æмæ, аиуварсгонд гоймæгты мыггæгты ‘хсæн, ис Самниашвили Шмагийы мыггаг дæр.

Германы уæвæг эмигрант фыссы, цæмæй уыцы адæймæгтæ, кæцытæ ацы фонды æнæзакъононæй хардзы ныхмæ уыдысты, уыдоны æндæр æмæ æндæр методтæй аиуварс кодтой.



Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.