Ног хабæрттæ
Хашураг дохтыртæ пенсионер-бинонты уæззау низы раз иунæгæй ныууагътой
Земо (уæллаг) Бролосаны хъæуы цæрæг Муладзе Шалвайæн Хашуры рынчындоны дохтыртæ нæ баххуыс кодтой æмæ 8 боны хоскæныны фæстæ рынчыны хæдзармæ рарвыстой. 63-аздзыд нæлгоймаг йæ рыстытæ нæ уромы, хъизæмар кæны.

Йе ‘мкъай Муладзе Марине зæгъы, цæмæй медицинон центры кусджытæ уый Тбилисмæ, специалон клинникæмæ акæныныл нæй загътой æмæ йæ акæнын бахæс кодтой бинонтæн. Земо (уæллаг) Бролосаны хъæуы ус æмæ лæг иунæгæй цæрынц.

«Тагъд æххуысы бригадæ мах акодта Хашуры рынчындомæ. Нæ йын иртæстой йæ низы хатт, цы йæ тыхсын кодта, уый. Фæстагмæ йын рыстуромæн судзин сарæзтой æмæ стæй æрсабыр сты йæ рыстытæ. 8 боны йын хос кодтой рынчындоны. Махæн социалон æнæхъахъхъæд статус нæй. Нæ нын раттой кулæтæ. Нæ дæр хъæу хауы хæххон зонæмæ. Уымæ гæсгæ, стæм нæ пенситы æвджид. Тбилисмæ кæнинаг, дам, у, загътой мын дохтыртæ. Мæ сиахс æрцыдис æмæ уый архайы, цæмæй нын баххуыс кæна», - зæгъы Муладзе Марине.

Муладзеты бинонтæн социалон æххуыс не снысан кодтой, уый тыххæй æмæ, сын егъау цæрæн хæдзар кæй ис уымæ гæсгæ. Æнæуи хатæнтæ афтид сты.

«Бандон дæр нæм нæй нормалон. Тагъдæххуысы дохтыртæ куы æрбацыдысты, уæд цæуыл æрбадтаиккой уый дæр нæ уыдис нормалон. Цы федтой мæ хæдзары ахæмæй, æмæ нын кулæтæ нæ радтой? Мæ иу мæйы пенсийæ куыд хъуамæ тох кæнон мæ мойы низимæ?», - зæгъы Муладзе Марине.

Print