Ног хабæрттæ
Земо (уæллаг) бролосайнæгтæ хицауады рабадты ауадзынмæ æнхъæлмæ кæсынц
Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс Земо (уæллаг) Бролосаны хъæуы цæрджытæ Хашуры депутатæн æмæ мэрæн сæ дзырдлæвæрдты кой кæнынц. Ай фæдыл бынæттон цæрджытæ Шида Картлийы информацион центримæ ныхас кодтой.

Уыдоны ныхасмæ гæсгæ, иу афæдзы дæргъы хохбæсты цæрæнуаты статус раттыны фарста æвзæрст цæуы æмæ фæстаг скъуыддзаг нырма бæрæг нæу:

«10-æм мартъийы хъуамæ уагъд æрцыдаид хицауады рабадт. Куыд зыны афæмæй, æвæццæгæн æппæрццагæй аскъуыддзаг нæ хъуыддаг» - загътой нын бролосайнæгтæ. Уыдонæн чысыл раздæр Хашуры мажоритар депутат Нозадзе Симон фехъусын кодта, цæмæй рабадт 10-æм мартъйы кæй уыд банысангонд.

Бролосаны хъæу цалдæр сыхыл дихтæгонд у – Квемо (дæллаг), Земо (уæллаг) æмæ Кæройнаг фарс. Алкæмæй фылдæр цæрджытæ ис Квемо (дæллаг) Бролосаны, Земо (уæллаг) Бролосаны цæры 15-ы онг бинонтæ. 7 хæдзары бинонтæ та, комы иннæ фарс цæрынц, уыдонмæ фæндаг дæр нæй, рæстмæ арæзт.


Print