Ног хабæрттæ
Цард дихгæнæг хаххы цур – Сакоринтело
Майсурадзе Мзиа йæ бинонтимæ иумæ зæххы фадыг кусын райдыдта. Картоф байтыдта, фæлæ йæ зоны, цæмæй тыллæг æрмæстдæр уæд æрзайдзæн, кæд къæвдатæ арæх уыдзæнис.

Уый дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс Сакоринтелойы хъæуы цæры. Зæгъы, цæмæй донхорыг кæнын ацы хъæуы бирæ азты дæргъы проблемæ у.

«Августы хæсты фæстæ ацы фарс бынтон æнæдонхорыг у. Монастеры хъæуæй иу нæм цыдис дон, фæлæ ныртæккæ уый дæр æхгæд у. Уалдзæджы ралæудмæ сæйрагдæр хъæдындз æмæ нуры ныссадзæм», - зæгъы Майсурадзе Мзиа.

Уыдоны цæхæрадон хъæуы кæрон – ирон хъæу Абреуы æрдыгæй ис. Дзуры, цæмæй фосхизæн, сæйрагдæр, ацы дыууæ хъæуы ‘хсæн баззад.

«Фос, сæйрагдæр, Абреуы хъæуы ‘рдыгæй фæхизы – мах фос дæр æмæ уыдоны фос дæр. Куы мах фос бахизы уыдонырдæм, куы та, уыдоны фос æрбахизы махырдæм. Æмбонд цы ран ис уым цæхæрæдæттæ хъахъхъæдгонд сты фосæй», - зæгъы Майсурадзе Мзиа.

Хъæуы цæрджытæн иуæй-иу сæйраг æфтиаг у фос дарын. 75-аздзыд Лагазашвили Элисо зæгъы, цæмæй ацæргæ адæймагæн уæддæр æнцондæр у фосмæ зилын:

«Мах хуызæн ацæргæтæн фос куы нæ уа хæдзары, кæнæ хæдзарон мæргътæ - кæрчытæ, æндæр цы хъуамæ бакусæм хæдзары? Физикон куыст махæн нæ бон нал у, цæмæй цæхæрæдæтты кусæм. Чи сæ кусы уыдонæн дæр дзы ницы тыллæг æрзайы, дон кæй нæй уымæ гæсгæ», - зæгъы Лагазашвили Элисо.

70-аздзыд Огъадзе Жужунайæн æмæ йæ хъæбулæн социалон æнæхъахъхъæд статусы систой. Уый аххосагæн Жужуна нымайы, хæдзарон мæргътæ йын кæй ис, уый:

«Социалон агент куы æрбацыдис, уæд ын загътон, зæгъын, алцы дæр дын æргом зæгъын, æппындæр дын ницы басусæг кæндзынæн. Уæртæ, уыдон сты, цыдæриддæр мæм ис хæдзары фæллойæ, кæрчытæм æмæ йын стурмæ ацамыдтон къухæй. Æндæр æфтиаг мæнмæ никæцæй цæуы, зæгъын. Мæ хъуыдымæ гæстæ, мын раст уымæ гæсгæ, нал раттой социалон æххуыс. Мæнæн мæ бон ницыуал у аразын, иу хъæбул мын ис, лæппу, æмæ уый дæр церебралон низæй у рынчын», - зæгъы Огъадзе Жужуна.

Ивгъуыд 2018 азы Сакоринтелойы хъæуæн ногдзинад уый уыд, æмæ Квемо (дæллаг) Чъалайы хъæуы аргъуаны онг фæндаг цалцæггонд æрцыд.



Print