Ног хабæрттæ
Дваны дзуар – гуырдзиæгты æмæ ирæтты иумæйаг культон бынат
Дваны Сыгъдæг Гиоргийы дзуары цур гуырдзиæгты æмæ ирæтты иумæйаг уæлмæрд ис. 2008 азы августы хæсты фæстæ, æртæ азы дæргъы, уырдæм налдæр гуырдзиаг æмæ налдæр ирон цыдис. Сындзтелгæрæнты сарæзты фæстæ, уæлмæрды территори сæйрагæй Гуырдзыстоны хицауады дæлбариуæг территорийыл ис.

Сындзтелгæрæнтæ Дваны æмæ Земо (Уæллаг) Дваны кæрæдзийæ хицæн кæны. Земо (Уæллаг) Дваны этникон ирæттæ цæрынц. Дваны та, - гуырдзиæгтæ. Уæлмæрды ныгуылæнырдыгæй ныгæд сты этникон ирæттæ. Двайнæгтæ дзурынц, цæмæй 2008 азы августы хæсты агъоммæ, Земо (Уæллаг) двайнæгтæ сæ фыдæлты уæлмæрдмæ æдзæхæй цыдысты. Августы хæсты фæстæ та, уырдæм ничиуал æрбацыд. Конфликты фæстæ, Земо (Уæллаг) двайнæгтæ сæрмагонд уæлмæрд дихгæнæг хаххы иннæ фарс сарæзтой.



Фотойыл: Земо (Уæллаг) Дваны ног уæлмæрд.

Ацы дзуаримæ стыр традицион бæрæгбон – Квирикоба цæдис кæны. Этнограф Макалатиа Серги лæмбынæгæй фыссы ацы бæрæгбоны фæдыл. Уый бæрæггæнæнмæ гæсгæ, дзуар комбæстæйы иуæй-иу æппæты стырдæр культон бынат у. Ритуалон сфыстмæ гæсгæ, сæйраг фигуранттæ ирон сылгоймæгтæ сты, кæцытæ ирон уæлибæхæй ацаходын кæнынц уазджыты æмæ йæхицæн Квирикейы.

Сæн та, дзуармæ двайнæгтæ хастой. Абон дæр кувæндоны алыварс æвæрд ис тынг бирæ быркуытæ. Двайнæгтæ-иу дзуармæ сæн быркуыйы схастой.


Print