Ног хабæрттæ
Чъулухадзе Лиза Цъерованы – йæ хъæбулы уæлмæрд Ачабеты
Ныр йæ мæт æмæ йæ зæгъинаг æмдзæвгæты фыссы. Иу хъæбулы, йæ фырты уæлмæрд Ачабеты баззад, иннæ хъæбул (чызг) ын Цъерованы фæзиан. Йæ фæстæ тагъд сиахс дæр фæзиан. Хъомыл кæны сидзæрæй баззайгæ хъæбулы хъæбулты.

Æнæхъæн бон, йæ моимæ иумæ, Цъерованы, рæсугъд арæзт дыргъдоны æрвиты. Хъуыды кæны уыцы азтыл, бирæ бинонтæ куы уыдысты, уым, Стыр Леуахигомы.

«Кæдæмдæриддæр ацæуын, кæмдæриддæр вæййын, алыран дæр мæ фынты Ачабеты уынын. Стæй мыл куы фæтых вæййынц ацы æнкъарæнтæ, уæд æмдзæвгæтæ фыссынмæ ахизын. Цалдæр æмдзæвгæйы æнæкæсгæйæ дæр хъуыды кæнын:

Мæ зæрдыл куы лæууы бирæ бинонты ‘хсæн, бирæ зæрæдтимæ иумæ,
Хъомыл нæ кодтой афтæ, куыд хъомыл кодтам, æххæст æмæ арфæгонд,
Ныр алчи фæйнæрдæм фæцыд, баззад ма æрмæст сæ номарæн.
Æмæ уыцы хъуыддаг, кæцы уыдоны зæрдæмæ цыд, абон æцæгдзинад фестад адæмæн», - ацы ныхæстæ йе ‘мдзæвгæты æмбырдгондæй сты ист.

Хæст куы нæ уыдаид, уæд йæ чызг абон дæр удæгас уаид – хъуыды кæны Чъулухадзе Лиза, уымæн æмæ, хæсты фæстæ, уымæн йæ чызг бирæ мæт бавзæрста, кæцы йæ низы аххосаг сси. Йæ зæрдæ йын уыцы факт фидар кæны, æмæ йæ фырты уæлмæрдмæ, Ачабеты, бинонты æввахс хæстæг - ирæттæ сæ хъус дарынц:

«Мæ ирон хæстæг уæлмæрдмæ йæ хъæбулы хъæбул акодта æмæ уæлмæрды сыгъдæг кæнын райдыдтой. Сывæллоны къухы сындз фæныхстис æмæ кæугæйæ бауайдзæф кодта йæ нанайæн – ай мын кæй уæлмæрд сыгъдæг кæнын кæныс, зæгъгæ. Ай Лиза-нанайы хъæбулы уæлмæрд у, загъта йын йæ нана. Сывæллон дзуапп ратта, ой, Иракли-дзиайы хъæбулы уæлмæрд у? Æмæ адарддæр кодта уæлмæрды сыгъдæг кæнын. Иу ардыгон гуырдзиаг нын нæ уæлмæрды ныв дæр фенын кодта. Нæ зонын, куыд æмæ цы гъдауæй йæ бон сси уæлмæрды ныв сисын, фæлæ æз федтон мæ хъæбулы уæлмæрды сыгъдæгæй», - зæгъы Чъулухадзе Лиза.

«Кæдæмдæриддæр ацæуын, кæмдæриддæр вæййын, алыран дæр мæ фынты Ачабеты фæуынын, Цъерованы нæ уынын. Стæй мæ сæ быны куы акæнынц ацы уæззау æнкъарæнтæ, ацы мæт, ацы хъуыдытæ æмæ уæд сæхигъæдæй ахизынц гæххæтты сыфмæ æмæ мæ мæт ацы æмдзæвгæтæй хуыдуг кæнын æмæ мыл афтæ ивгъуыйынц бонтæ».


Print