Ног хабæрттæ
Хæстон кады музей Гуры (VIDEO)
Гуры хæстон кады музей байгом 1968 азы 9 майы æхсæнадон базæйыл. 1973 азæй уый финансгонд цыд уæдыккон паддзахады бюджетæй.

Музейы æвдыст сты дыккаг дунеон хæсты хайадисджыты сæрмагонд дзаумæттæ – хæстон хорзæхтæ, фото-нывтæ æмæ æндæр реликвитæ. Советон Цæдисы периоды рæстæджы музейы ахуырдзауты – октябронты, пионерты æмæ комсомолты рæнхъытæм истой. Ныртæккæ та, музейы, ард бахæрынц. Музейы иу лæвæрдтой паспорттæ дæр.

Архивон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, музейы сарæзтæй Cоветон Цæдисы ныппырхы агъоммæ (1968-1988 азты) музейы бабæрæг кодта 1 милуан 220 423 визиторы.


Print