Ног хабæрттæ
Гуликъатыубанийы ног цъайы скусынмæ 3 мæйы æнхъæлмæ кæсынц
Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс Атъоцы хъæуы нуазыны доны ног цъайы скусынмæ 3 мæйы æнхъæлмæ кæсынц. Цъай январы мæйæ хъуамæ кусын райдыдтаид, фæлæ куыд зыны афтæмæй нырма не ‘скуыста.

Гуликъатыубани (Гуликъаты сых) Атъоцы хъæуы кæройнаг фарсæрдыгæй ис. Уым 30 хæдзармæ ‘ввахс ис регистрацигонд. Сыхы ном «Гуликъатыубани» цæуы Гуликъашвилиты мыггагæй.

Атъоцы хъæуы 2018 азы фæззæгæй фæстæмæ дыккаг цъайы аразын райдыдтой, уымæн æмæ фыццаг цъай нæ фæбæззыд, не ‘скуста. Фыццаг цъайы трубæты зимс ныббадтис æмæ базингонд сты. 2018 азы 27-æм ноябры та Фидыды æмæ æмбæстагон æмбарады фарстæты паддзахадон министр Цихелашвили Кетеван ног, дыккаг цъайы саразыны тыххæй, хъæуы уæвыны рæстæджы фехъусын кодта.

«Æдæппæтæй йæ аргъ лæууы 256 ларийы бæрц æмæ доны цъайы аразын, Гуырдзыстоны ифтонгады æмæ уæвæг хызæгмæ баиу кæнынмæ хауы. Куыстытæ дыууæ мæймæ фæуыдзысты æмæ фæстиуæгæн, нуазыны дон 250 хæдзары бинонтæ райсдзæн. Тынг æхсызгон мын у, æмæ афтæ тагъд æмæ цæрдæг кæй сæххæст кодтам нæ дзырдлæвæрды, кæцыйы Атъоцы цæрджытæн уæд раттам, æмæ уым уырыссаг провокацитæн бынат куы уыдис. Хъæуæн нуазыны дон нæй, кæцы иттæг стыр проблемæ æвдисы цæрджытæн. Доны проблемæ ацы хъæуы мидæг ис æмæ ма дихгæнæг хаххы цур ноджы цалдæр хъæуы. Уагдæтты ‘хсæны къамисы фæлгæтты интенсивон темпæй кусæм, цæмæй ацы нысаниуæгджын фарст алыран дæр скъуыддзаггонд æрцæуа æмæ цæрджытæн дон уа. Ацы хъæуæн, кæцыйæн, уырыссаг оккупацион тыхы ‘рдыгæй æрæджы хъуамæ ноджы иу провокаци-сындзтелгæрæны сарæзой, кæй зæгъын æй хъæуы æмæ йæ фарсмæ æрлæууыдыстæм æмæ хъæуæн дон хæрз тагъд рæстæджы уыдзæнис. Цъайы арæзтады куыстытæ знон райдыдтой. Хызæг ныридæгæн арæзт у», - фехъусын кодта Цихелашвили Кетеван.


Print