Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Уырыссаг каналтæ этникон чысылдæр хæйтты
Уырыссаг дзыллон информацийы пайдагæнæны æвдисæг этникон чысылдæр хæйтты, радон фарстæты тыххæй уагахастыл, комкоммæ зыны – ахæм хатдзæг ис иртасæны, кæцы «Медийы (дзыллон информаци) рæзынады фонд» чысылдæр хæйтты цæрæн регионты мидæг, уырыссаг пропогандæйы æндæвдады фæдыл ауагъта.

Фокус къордты гоймæгты 61.5%-ы, информацийы райсынæн, уырыссаг «одноклассник»-ы сайты ном загъта, æнæгæсгæйæ уымæ æмæ, 65 %-ы ацы сайтæй нæ пайда кæны æмæ йыл не ‘ууæнды.

NDI-йы иртасæнмæ гæсгæ та, æрфарсты уыцы 18%-ы ‘хсæн, кæцытæ зæгъынц, цæмæй фæсарæйнаг æвзагон каналтæм кæсынц, алкæмæй фылдæр 34 %-ы уырыссаг фыццаг каналмæ хауы.

Qartli.ge, иртасæны ауагъдæй иу азы фæстæ, бацымыдис кодта Гуры муниципалитеты Тедоцъминдайы хъæуы цæрджыты ахастдзинадмæ. Уым 85 %-ы этникон азербайджанæгтæ цæрынц. Уый фæстæ та сты ирæттæ æмæ гуырдзиæгтæ. Хачирашвили Ушанги куыд зæгъы уымæ гæсгæ, этникон баланс уæдæй фæстæмæ фæивта, 90-æм азты райдианы сæ цæрæн хæдзæртты бирæ ирæттæ куы ныууагътой æмæ куы фæлыгъдысты, уæд æмæ афтид хæдзæртты æлхæнын куы байдыдтой этникон азербайджанæгтæ.

Шахвердов Шалва афтæ зæгъы, цæмæй уый сæйрагæйдæр кæй кæсы азербайджанаг æмæ уырыссагæвзагон каналтæм, уымæн æмæ не ‘ууæнды гуырдзиаг каналтыл. Æрмæстдæр æууæнды Рустави 2-аг каналыл. Афтæ ма, ноджы фæкæсы, Ачъарайы телеуынынадмæ, фæлæ уый дæр арæх нæ вæййы. Зæгъы, цæмæй уымæн уырыссаг каналтæ фылдæр цымыдисон дæр кæй сты.

Хачирашвили Ушанги æмæ Къусрадзе Дали, сæйрагæй дæр, гуырдзиаг каналтæм фæкæсынц. Æппæтæй тынгдæр сæ зæрдæмæ цæуы Рустави 2-аг. Каниашвили Гурам та, уырыссаг каналтæм æппындæр нæ фæкæсы, уымæн æмæ йæ нæ цымыдис кæнынц. Йæ ныхасмæ гæсгæ, уымæн йæ зæрдыл хорз лæууы 2008 азы августы хæсты æмæ, уымæ гæсгæ, йæ ахаст уырыссаг каналтæм негативон у.


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.