Ног хабæрттæ
Бегашвили Бичъикъо – Хеиты хъæуæй
«Адæм тынг тыхст сты. Мæнмæ-иу цæуынц æхца курынмæ. Мæнæн та уый бæрц нæй æмæ алкæмæндæр авæрон хæс. Боны мидæг гæнæн ис æмæ бакусон цыппар ларийы бæрц», - зæгъы Бегашвили Бичъикъо, кæцы Гуры мæсыджы рæбыны, Леуахийы былыл уæз-барæнæй кусы.

Ныр 4 азы дæргъы Хеиты хъæуæй лигъдон Бегашвили Бичъикъо адæмы уæз бæлвырд кæны. Уый 80 аздзыд у æмæ йæ рынчын бинойнагмæ дæр йæхæдæг зилы: «Мæ бинойнаг уатон рынчын у, ныр 8 азы дæргъы ахæм уавæры ис. Æз архайын цæмæй бакусон æмæ мæ бинойнагмæ дæр мæ хъус фæдарон», - зæгъы Бегашвили Бичъикъо.

Йæ цæстытыл йе ‘взонг бонтæ уайынц, кæцыты арвыста Стыр Леуахигомы Хеиты хъæуы.

«Хæрзæвзонг уыдтæн, судзаг низæй куы фæрынчын дæн. Тыххæйтты-ма фервæзтæн. Дохтыртæ мæ фервæзын кодтой, æндæра нæ зонын цы фæуыдаин. Уæдæй фæстæмæ тæвд хурмæ мæ бон нал уыд лæууын. Архайдтон цæмæй фылдæр аууоны уыдаин. Хæдзары размæ-иу уæй кодтон мæхи арæзт сæн. Хъæуы мын хорз сæндон уыдис æмæ дзы сæн дæр тынг хорз уад. Ныр ма кæм у мæ бон, ахæм куыстытæ кæнын», - зæгъы Бегашвили Бичъикъо.

Ныртæккæ, уый цæры лигъдæтты цæрæнуаты.
Хеиты хъæуы 2008 азы августы хæсты рæстæджы, ныууагъта.

«Нæ хъæуыл нын бомбæтæ куы æркалдтой уæд сусæгæй хъæд-хъæд рацыдыстæм. Æз ницы джиз дардтон ирæтты, фæлæ ахæм ситуаци уыдис æмæ адæмыл нæ ауæрстой, мардтой сæ», - зæгъы Бегашвили Бичъикъо.

Гуры, ацы уæз-барæнæй райдыдта кусын, кæцыйæ раздæр йæ бинойнаг пайда кодта.
«Мæ бинойнаг куыста уæз-барæнæй, адæмы уæз барста. Стæй куы фæрынчын, уæд та æз райдыдтон йæ бæсты уыцы уæз-барæнæй кусын æмæ адæмы уæз барын. Иуæй-иу мæллæг адæймаг куы æрбацæуы, йæ уæз куы барын кæны, уæд мын фæдзуры, фæфылдæр, дам, мын кæн, мæ уæзы, фæлæ иуæй-иу та, уæззау уæзимæ чи у, уый та мын фæдзуры, цæмæй йын йæ уæз къаддæр зæгъон», - дзуры Бегашвили Бичъикъо.


Print