Ног хабæрттæ
Æнтыстдзинады аргъ дихгæнæг хаххы цур – Баламцъарашвили Давит Адзвийы хъæуæй
Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæуты депутаттæ хъусын кæнынц, цæмæй Тбилисы ауагъд акцийы ныппырхы тыххæй, уыдонæн сæ бон кæй ницы зæгъын у.

Ай фæдыл Qartli.ge ныхас кодта: Дваны, Эргнеты, Дицы æмæ Ламисхъаны территорион органты депутаттимæ.

Бынæттон цæрджыты ‘рдыгæй æвзæрст депутатты аргълæвæрд ахæм у:

Гзиришвили Майа (Ламисхъаны темы депутат) – «æнæмæнгхъуыддаг у дзуапп раттон уый тыххæй? Нæ зонын, ницы мæ бон у зæгъын. Æз уын цы хъуамæ зæгъон, кæд æмæ ницæмæ бакастæн».

Махачъашвили Мамука (Дваны) – «Акцийы тыххæй уын ницы мæ бон у зæгъын, куыд ацы хъæуы минæвар, донхæрæн каналы сыгъдæг кодтон æмæ мын рæстæг нæ фæци телевизормæ бакæсынмæ. Ницы йын зонын, знон цы хабæрттæ æрцыд бæстæйы, уый тыххæй. Трактор мын фехæлди æмæ æхсæвы 11 сахатмæ уый арæзтон. Оккупацийы ныхмæ акцийы æрвылхаттдæр хайад райсдзынæн, фæлæ, мæнмæ гæсгæйæ, зноны акци нæ уыдис оккупацийы ныхмæ, уый уыдис, комкоммæ хицауады ныхмæ арæзт акци. Уæрæсе оккупант кæй у, уый тынг хорз зонын, æз уый мæхиуыл æмæ мæ бинонтыл бавзæрстон. Ацы тæккæ минутыл дæр оккупацион хаххыл лæууын. Оккупантты ныхмæ чидæриддæр тох кодта, уыцы хъæбатырты ныхмæ къух сисын кæнæ æфхæрын нæй гæнæн, дзырд цæуы полицæйæгты æмæ тыхон структурæйы кусджытыл. Уыдоныл баст у нæ бæстæйы оккупаци дæр æмæ дэоккупаци дæр. Æз цæмæ бакастæн, уый æппындæр нæ уыдис сабырадон акци, цæрджытæ, кæцытæ зиæнттæ райстой, уыдон уый тыххæй райстой зиæнттæ æмæ полицæйæгты ныхмæ тыхæй архайдтой».

Капанадзе Бондо (Цъагъвли):
«Рулыл дæн æмæ уæм фæстæдæр радзурдзынæн».

Джабаладзе Иракли (Дицы) – «Нæ пресс-центрмæ фæдзурут, æз уын ницы дзуапп ратдзынæн».

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, æмæ парламенты бæстыхайы раз протестон акци 20-æм июны изæрæй кæй байдыдта. Уым æрымбырд уæвæг адæм спротест кодтой Уæрæсейы Думæйы депутатты æрцыд Тбилисмæ æмæ Сергей Гавриловы Тбилисы парламенты сæрдары бандоныл æрбадт. «Гуырдзиаг бæллицц» бамбарын кодта, цæмæй Гавриловы фæзынд парламенты сæрдары трибунайыл нæ уыд райсинаг. Сæ курдиатмæ гæсгæ, уый фæстæ уыдон аскъуыддзаг кодтой, цæмæй уырыссаг делегаци уайтагъд ныууагътаид Гуырдзыстоны бæстæ.

Парламенты раз æрымбырдуæвæг политиктæ æмæ æмбæстæгтæ æрцæугæ факты тыххæй бæрндзинад йæхимæ хъуамæ райса хицауад æмæ домынц, цæмæй Гуырдзыстоны парламенты сæрдар, Кобахидзе Иракли, Мидхъуыддæгты министр, Гахариа Гиорги æмæ Паддзахадон æдасдзинады куыстуаты хистæр, Гомелаури Вахтанг сæ куыстбынæттæ ссæрибар кæной.

Парламентмæ балæбурыны бафæлварынæн разамынд кодта «Иууон националон змæлды» лидертæй сæ иуы, Мелиа Никъайы курдиат, уыдон домдтой, цæмæй сæ домындзинæдтæ æххæстгонд æрцæуой, кæннод акцийы хайадисджытæ парламенты сабырадæй
бацахсдзысты, зæгъгæ.

Азербайджаны официалон визитæй уæвыны рæстæджы Кобахидзе уырдыгæй фехъусын кодта, цæмæй парламенты сæрдары бынаты ныууадзынмæ кæй нæ хъавы, фæлæ Гахариайы ныхасмæ гæсгæ, «Куыддæр æнæмæнгхъæугæ уыдзæн, уайтагъд кæй ныууаддзæн йæ бынат».



Print