Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Меквабишвили Резо – «Уый мæн тыххæй æрцыди Сыбырæй»
Дзуры, цæмæй уый кæй нæ уыди хуымæтæг сывæллон, нæ уарзта йе ‘мбæйттимæ хъазын, æдзухæй архайдта, цæмæй исты сныв кодтаид. 6 аздзыд уыдис, бынтондæр йæ ныв кæнын куы ныууагъта.

Фæстæдæр скъолайы, йæ нывкæнынады курдиат фæстæмæ райхъал. Урокты рæстæджы иу, гæххæтты сыфыл райдыдта ныв кæнын, афтæ дарддæр кодта уæлдæр ахуыргæнæндоны ма студент куы уыди уыцы периоды дæр:

«Лекци иу мæ зæрдæмæ куы нæ цыдис, уæд иу архайдтон, цæмæй ныв кæнынæй мæхи ирхæфстаин. Тетрады цъарыл кæнæ та иу афтид гæххæтты сыфыл ныв кæнын райдыдтон. Уый фæстæ ахуыр куы фæдæн, уæд аскъуыддзаг кодтон, цæмæй мæхи бафæлвæрдтаин ныв кæнынады», - зæгъы Меквабишвили Резо.

Меквабишвили Резо цæры Меджврисхеуы хъæуы. Уый райгуырдис 1958 азы. Фактивонæй, ныв кæнын райдыдта 29 азы йыл куы цыд, уæд. Сныв кодта фрескæтыл цалдæр аргъуаны. 1991 азы уый хайад райста регионалон æмæ республикæйы хæдахуыргонд нывгæнджыты равдысты. Уый фæстæ 1994 азы Резо ацыдис Парижмæ.

«Парижы мæ фыдыфсымæр цардис, уый уыди рагбист. Ацы горæт ахæм у, кæцы нывгæнджытæн уникалон бынат у. Базонгæ дæн япойнæгтимæ, кæцыты зæрдæмæ тынг фæцыдысты мæ конд нывтæ. Уыдон ахæм адæм сты, кæцытæн ис диссаджы цæстæнгас. Æнæуи раст у, æмæ сæм бирæ нывгæнæг нæй, фæлæ сын аргъ кæнын зонынц. Радтой мæм æхца æмæ мын загътой: - рарвит, дам, нын дæ конд нывтæ. Уæ конд нывты, дам, ис уæлдæфы æнкъарынад æмæ а.д.», - зæгъы Меквабишвили Резо.

Æцæгдæр, 1994 азы, Парижмæ 40 уникалон тъило (ныв) арвыста йæ фыдыфсымæрмæ. Ацы нывты Меквабишвили Бадри хъуамæ арвыстаид францаг-япойнаг галереймæ, фæлæ Бадрийы æнæнхъæлæджы амардтой æмæ абоны онг Резойы нывты фæд æнæзындгонд у, ничи сæ зоны кæм сты.

Раст ацы трагедийæ райдыдта уæззау период Резойы царды мидæг æмæ нывгæнæджы фæсмондзинад амоны уыцы цаутæм, кæцытæ ацы трагедийы фæстæ æрцыдысты.

«Райдыдтон фыднозт кæнын. Алцыппæтдæр фесæфтон, фесæфтон мæ нывтæ, фесæфтон мæ япойнæгты, иу ныхасæй алцыдæр фесæфтон. Исты иу куы сныв кодтон, уæд иу стæй нуазын байдыдтон, цыма мæ дойны састон, нуæзтæй уыйау», - дзуры Меквабишвили Резо.

Стæй йе ‘нæниздзинад дæр фæцудыдта æмæ фæстаг азты, уый рацу-бацу кæны инвалидон къаласкæйыл. Йæ рахиз къух æмæ къах нал кæсынц йæ коммæ, фæлæ 2008 азæй фæстæмæ абоны онг уый активонæй дарддæр кæны йæ галиу къухæй ныв кæнынад. Йæ конд нывтæ хаст æрцыдысты Францимæ, Японимæ, Англисмæ, Израилмæ æмæ Уæрæсемæ.

«Æнæнхъæлæджы, мæ царды фæзындис сылгоймаг, кæцыйы Хуыцау мæн тыххæй рарвыста. Социалон хызы базонгæ стæм. Уый Сыбыры ныууагъта алцыдæр, йæ хæдзары, йæ куысты æмæ ардæм, Гуырдзыстонмæ æрцыдис. Сарæзта мын æрмадз», - ауыл фæуд кæны йæ ныхас Меквабишвили Резо. Ныртæккæ уый 61 аздзыд у.

Видео:

Меквабишвили Резо: «Æцæгæйдæр тынг диссаг сывæллон уыдтæн, нæ уарзтон ме ‘мкар сывæллæтимæ хъазын. Æртыккаг æви æхсæзæм къласы уыдтæн, ныв кæныныл мæ къух куы систон, нал ныв кодтон. Мæ ныв кæнын куы ныууагътон, уæд скъолæйы æваст фæстæмæ гæххæтты сыфтыл ныв кæнын райдыдтон æмæ ахуыр куы фæдæн, уый фæстæ институты дæр гæххæтты сыфтыл нывтæ кодтон. Лекци иу мæ зæрдæмæ куы нæ цыдис, уæд иу ныв кодтон тетрады цъарыл. Ныв кодтон Гуырдзыстоныл, рагон мæсыг-фидæрттæ, аргъуантæ æмæ ахæм цыдæртæ».

«Стæй мæ царды æрцыди ахæм цау, æмæ уыдтæн Францийы, уым мæ фыдыфсымæр царди, уый уыдис рагбийæ хъазæг. Йæ командæ Парижы зындгонд уыди. Ацыдтæн уырдæм уый тыххæй, цæмæй мæ тыхтæ бафæлвæрдтаин ныв кæнынæй, базыдтаин мæхи, нывгæнæг дæн æви нæ. Уым япойнæгтимæ базонгæ дæн, кæцытæ мæ рахуыдтой куыд хорз нывгæнæг. Уыдонæн ис диссаджы цæстæнгас. Уыдон мын загътой: - æгъуыстаджы къухфыст, дам, дын ис, сыгъдæг уæлдæф дам уынæм дæ къухфысты æмæ дам цыдæр æнахуыр у, кæцы, дам, æндæрæн нæй. Гъе, ахæм цыдæр мын загътой».

«Стæй мæм æхца радтой. Бафыстой мын рагацау. Æрхæс, дам, нывтæ æмæ дам, сæ мах хъуамæ ахæссæм æнæмæнгæй. Æцæгæйдæр, 40 нывы ныххастон Парижмæ, мæ фыдыфсымæрмæ. Мæ фыдыфсымæр нывтæ никæдæм арвыста, 6 мæйы сæм æнхъæлмæ кастытсты япойнæгтæ. Цы фесты уыцы нывтæ, абон дæр æй нæ зонын. Уый фæстæ мæ фыдыфсымæры амардтой. Налдæр Парижмæ ацыдтæн, налдæр мæ нывтæм мæ хъус æрдардтон æмæ налдæр япойнæгты федтон. Афтæ рæстæг цыд æмæ нуæзтыл бафтыдтæн».

«Адæймæгтæн сæ фылдæр систы хипайдайырдæм хъуыды кæнын. Кæй цæмæн бахъуыдысты дæ нывтæ. Куыд фæнды хорз нывгæнæг уай, уæддæр никæй хъæуыс. Раст ацы рæстæджы ссардтон адæймаг, кæцыимæ базонгæ дæн фейсбукыл. Иу афæдзы дæргъы кæрæдзимæ фыстам фыстæджытæ фесбукыл. Стæй ацы ус ныууагъта мæн тыххæй йæ куыст, хорз куыст ын уыди. Ныууагъта йæ хæдзар æмæ æрцыди мæнмæ, дард Сыбырæй».

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.