Ног хабæрттæ
Хеиттаг хилдасæг лигъдæтты цæрæнуаты йæ фыды хъуыддаг дарддæр кæны
Къекъошвили Мамукъа Къаралеты лигъдæтты цæрæнуаты хилдасæг у.

Ацы професси йæ фыдæй сахуыр кодта.

Йæ фыд, Къекъошвили Отарæн, бирæ азты дæргъы, Стыр Леуахигомы Хеиты хъæуы хилдасæн конд уыд.

Уымæ, бынæттонтæй дарддæр, сыхаг хъæутæй: Чъехæй, Тамарашенæй, Ачабетæй æмæ æнд. хъæуты цæрджытæ дæр цыдысты

Къекъошвили Отар зæгъы, цæмæй йæ хилдасæнмæ Цхинвалы рынчындоны дохтыртæ дæр цыдысты.

2008 азы августы хæсты фæстæ, Къекъошвилитæ Къаралеты лигъдæтты цæрæнуаты æрцардысты.

Къекъошвили Отар йæ куыст ам котеджты дæр адарддæр кодта. Йæхи фæрæзтæй чысыл хæдзаргонд балхæдта æмæ дзы хилдасæн бакодта.

«Ныртæккæ мын мæ куыст дарддæр кæны мæ фырт. Кастис иу мæм æмæ сахуыр. Мæнæн мæ бон ницыуал у аразын æмæ хæдзары зæххы куыстытæ фæкæнын», - зæгъы Къекъошвили Отар.

Къекъошвили Мамукъайæн бинонтæ ис. Йæ бинойнагæн дæр уыцы дæсныйад ис.

«Чысыл стырдæр бынат мын куы уаид, уæд мæ бинойнаг дæр ам куыстаид. Уыдаид нæм сылгоймæгты салон дæр. Ныртæккæ, æрмæст æз кусын. Сæр алвынын мæнмæ дыууæ ларийы аргъ у. Клиент мын ис, фæлæ, боны цас адæмы хъуамæ алвынай цæмæй дын исты æфтиаг уа? Мæ ныййарджытæ пенсиисджытæ сты, хосы хца сæ хъæуы. Уымæ гæсгæ, мæхи фæрæзтæй мæ бон не суыдзæн æмæ салоны рауæрæх кæнон», зæгъы Къекъошвили Мамукъа.


Print