Ног хабæрттæ
Чилæхсаты Галина: «Æрцахсты рæстæджы мын мæ хъæбулы фæнадтой»
Отинашвили Майайы ссæрибар кæныны тыххæй бинонтæ 15 000 уырыссаг рубл бафыстой.

Отинашвили Майайы мады, Чилæхсаты Галинайы ныхасмæ гæсгæ, уымæн йæ хъæбулы Цхинвалы изоляторы уæвыны рæстæджы ничиуал бахъыгдардта.

«Мæ хъæбулы ныхасмæ гæсгæ, Цхинвалы изоляторы уый ничиуал бахъыгдардта. Рог зиæнттæ уый æрцахсты рæстæджы райста. Ацы этапыл, Майа йæ хæдзары ис йæ сывæллæтимæ иумæ æмæ йæхи дзæбæх хаты», - фæнысан кодта, Шида Картлийы информацион центримæ ныхасгæнгæйæ, ссæрибаргонды мад Чилæхсаты Галинæ.

Print