Ног хабæрттæ
Зерты æмæ Меджврисхеуы сабиты рæвдауæндæттæ æххуырст хæдзæрттæм ахæсдзысты
Тагъд, Меджврисхеуы æмæ Зерты хъомылгæнæн уагдæттæ функционир кæнын адарддæр кæндзысты æххуырст фæзуаты. Дыууæ хъæуы дæр сабиты рæвдауæндæтты арæзтад 2019 азæй райдайдзысты.

«Гуры мэриа гæнæндзинадмæ гæсгæйæ алцыппæтдæр аразы уый тыххæй, цæмæй муниципалитеты цæрæг алы чысыл сабийæн дæр уа хорз скъолæагъоммæ ахуыры райсыны фадат», - зæгъы Гуры муниципалитеты мэр Тавзарашвили Константине.

Ныртæккæ, Гуры муниципалитеты 60 сабиты рæвдауæндоны 5 500-онг хъомылгæнинаг исы скъолæагъоммæйы ахуырад.


Print