Ног хабæрттæ
Адæмон хъахъхъæнæг Отинашвили Майайыл фембæлд
Гуырдзыстоны адæмон хъахъхъæнæг Ломджариа Нино Гуры муниципалитеты Хурвалеты хъæумæ ныццыдис, цыран Цхинвалы регионы дæс боны æнæзаконон æрцахсты фæстæ ссæрибаргонд Отинашвили Майайыл фембæлд æмæ йын сæрибардзинады æмæ хæдзармæ йæ бинонтæм дзæбæхæй æрбаздæхты фæдыл раарфæ кодта.

Ныхас кæныны рæстæджы Ломджариа Нино цымыдис кодта, сæйрагæй дæр æрцахсты деталтæм, ахæстоны уавæртæм æмæ ахастмæ. Адæмон хъахъхъæнæг уыцы бынат бабæрæг кодта, цыранæй Отинашвили Майайы ирон а.х. арæнгæстæ 29-æм сентябры акодтой.

Адæмон хъахъхъæнæг ма ноджы фембæлд 87 аздзыд Ванишвили Давитимæ, кæцыйы цæрæн хæдзар æмæ цæхæрадон, змæлгæ анексийы фæстиуæгæн, сындзтелгæрæны иннæ фарс аззадис. Уый ныхасмæ гæсгæйæ, уыдон бынтон иунæгæй цæрынц йæ рынчын бинойнагимæ иумæ, кæцымæ дохтыры æрбакæныны амалдзинад нæй. Изоляцимæ гæсгæ, зæронд лæг æмæ ус нæдæр Гуырдзыстоны æмбæстагæн æмбæлгæ сервистæй пайда кæнынц.

Адæмон хъахъхъæнæг план кæны бахата æхсæнадæмон Сырх Дзуары комитетмæ, цæмæй сындзтелгæрæны иннæ фарс баззайæг бинонтæн аккаг медицинон æххуыс бакæной.

Print