Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Къаралеты сылгоймæгты куысты æвдисæг фототы равдыст арæзт æрцыд
21 аздзыд Касрадзе Ликъа равдыстмæ Эргнетæй ныццыдис. Къаралеты темы центрмæ уый йæхи сæрмагонд куыстыты бавдыста, кæцыты куыд йæхæдæг зæгъы, афтæмæй, сихорæй фæстæмæ, куыстæй куы æрбаздæхы хæдзармæ, уæд сæ кæй цæттæ кæны. Равдысты уый хайад фыццаг хатт райста, зæгъы, цæмæй хъæуы бирæ цæрдæг æмæ курдиатджын æрыгон фæсивæд ис, фæлæ уыдонæн сæхи арæзт куыстыты уæрæх æхсæнадæн фенын кæнынæн къаддæр фæрæз ис.

Ликъаимæ иумæ равдыстмæ сæхи сæрмагонд куыстыты æрбахастой Гареджуары æмæ Къаралеты æрыгæттæ дæр. Равдысты параллелонæй залы сылгоймæгты куысты æвдисæг фототæ дæр æвæрд æрцыдысты. Параллелонæй, уым уæвæг æхсæнадæн амал уыдис уыцы видео-ролик дæр федтаиккой, кæцы Гуры муниципалитеты цалдæр хъæуы цæрæг сылгоймæгты æрвылбонон цардмæ хаудис.

Мадзалмæ бынæттон æмæ æввахс хъæуты цæрæг адæймæгтæ æрбацыдысты. Хъæуы цæрæг сылгоймæгты ролыл ныхас кодтой мэры минæвар Къаралеты Чалаури Йосеб. Цæвиттонæн, уый æрымысыд йæ бинойнаджы истори, кæцы Тбилисæй æрцæугæ йæ цард Къаралеты куыд адарддæр кодта.

«Ахæм кусаг уыд, æмæ нæ уыдтæн æнхъæл, цалдæр мæймæ сарæзтаид уыйас саразын, цасдæриддæр гæнæн ис сылгоймаг 5 азы дæргъы сараза. Сылгоймаг кæцыдæриддæр Тбилисы, тæрхондоны куыста æмæ къуырийы мидæг дыууæ хатты салонмæ цыдис, уыйас куыст бакæнын бафæрæзтаид хъæуы», - банысан кодта Чалаури Йосеб.

Мадзал темы центры Къаралеты сылгоймæгты солидарады центры организацигондæй æмæ «Сылгоймæгты фонды» æххуысæй уагъд æрцыд. Фидæны мæйы ацы организаци 2019 азы къæлиндар дæр рауаддзæнис, кæцыйыл Гуры муниципалитеты 12 активон сылгоймаджы цыбыр истори æмæ фототæ уыдзысты бахастгонд.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.